VIII. ЦЫБЫРГОНД ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД



101  §. 1. Иуæй-иу дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ цыбыргондæй фыссын хъæуы афтæ:

æ. а. д. — æмæ афтæ дарддæр;

æ. æнд. ах. — æмæ æндæр ахæмтæ;

æ. æнд. — æмæ æндæртæ;

æ. — æнус;

ææ — æнустæ;

т. — том;

тт. — томтæ;

г. — горæт;

обл. — облæст;

ф. — фарс;

фф. — фæрстæ;

акад. — академик;

доц. — доцент;

проф. — профессор;

студ. — студент;

фак. — факультет.

Дзырдтæ цыбырæй фысгæйæ нæй цыбыр кæнæн хъæлæсон дамгъæйыл, дзырдæн йæ райдайæны куы нæ уа, уæд. Фыссын хъæуы: ад. хæдзарад, рай. тæрхондон.

2. Дзырды дывæргонд æмхъæлæсон куы уа, уæд æй цыбыр кæнын хъæуы раззаг æмхъæлæсоныл: уырыс. æвзаг (уырысс. нæ), грам. рæдыд (грамм. нæ).

Дзырды дыууæ кæнæ фылдæр æмхъæлæсоны куы уа, уæд æй цыбыр кæнын хъæуы фæстаг æмхъæлæсоны фæстæ: уæлæмх. хъуыдыйад (уæлæм. нæ), куыст. пълан (куыс. нæ). Вазыгджын дзырды дыууæ хайы куы цæуой цыбыргонд, уæд се ’хсæн æвæрын хъæуы дефис: æд.-бын. хауæн — æддагбынатон хауæн; хъ.-х. арæзтад — хъæууонхæдзарадон арæзтад.

 

102 §. Аббревиатурæтæй иутæ кæсгæ сты хицæн дамгъæтæй (дамгъон аббревиатурæтæ) (РыЦыИ, УФы), иннæтæ та хуымæтæг дзырдты хуызæн мыртæм гæсгæ, уæнггай (мырон аббревиатурæтæ) (ЦИПУ, АИШ). Аббревиатурæтæй иутæ арæзт вæййынц ирон дзырдты фыццаг дамгъæтæй (УФ, РЦИ-А), иннæтæ та — уырыссаг дзырдты фыццаг дамгъæтæй æмæ цæттæ арæзтæй ист цæуынц уырыссаг æвзагæй (ЦУМ, ГУМ).

Ирон дзырдтæй арæзт дамгъон аббревиатурæтæ фыссын хъæуы, æдзухдæр сæ ы-имæ кæй фæдзурæм, уымæ гæсгæ, хъæлæсоны фæстæ цы хауæнты кæрæттæ фыссæм, уыдонимæ: УФ-йы паддзахадон арæнтæ.

Мырон, стæй уырыссаг æвзагæй цæттæ арæзтæй ист аббревиатурæтæ фыссын хъæуы, кæройнаг мыр кæнæ дамгъæ куыд дзырдæуы, уымæ гæсгæ, хъæлæсоныл, кæнæ æмхъæлæсоныл фæугæ дзырдты кæрæттимæ: ЦИПУ-йы студент, АИШ-ы, ВАК-ы, вузæй.

IX. ДЗЫРД ИУ РÆНХЪÆЙ ИННÆМÆ ХÆССЫНЫ ÆГЪДÆУТТÆ

103  §. Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хаст цæуынц уæнггай: хæ-дзар, дзо-ныгъ, кæр-до, кæл-мæр-зæн, цæ-хæ-ра-дон, фæй-нæг, дæн-даг, кæр-дæг, дыргъ-дон.

 

104§. Иууæнгон дзырдтæн нæй дихгæнæн иу рæнхъæй иннæмæ рахæссыны тыххæй: уæнг, ус, хъарм, цалх, лæг, суг, хъыг, рыг, фынг, сырд.

 

105§. Иудамгъон уæнгæн нæдæр рæнхъы кæрон уадзæн ис, нæдæр ын иннæ рæнхъмæ ахæссæн ис. Нæй ахæссæн: а-дæймаг, а-хуыр, æ-гад, æ-над, у-ромын, у-зæлын, и-сын, фæ-у, ради-о.

 

106§. Иугай мыртæ цы дыгай нысæнттæй бæрæггонд цæуынц (дз, дж, гъ, къ, пъ, тъ, цъ, чъ, хъ), уыдонæн нæй кæрæдзийæ хицæн кæнæн, иу рæнхъæй иннæмæ хæсгæйæ. Хæссын хъæуы: хæ-дзар, сы-джыт, дза-гъыр, са-хъа-ри, гæр-къа, хæ-цъил, мæ-цъæл, са-гъæс, сы-чъи, цæх-джын, сы-къа. Нæй ахæссæн: хæд-зар, сыд-жыт, сах-ъари.

 

107§. Дзырды астæу дывæргонд æмхъæлæсон куы вæййы, уæд дзы иу уадзын хъæуы фыццаг рæнхъы, иннæ та хæссын хъæуы дыккаг рæнхъмæ: къæп-пæг, хæц-цæ, цæт-тæ, лæп-пу, уæрык-кæн, уæрыч-чытæ, уæй-йаг, нæу-уыл, дæт-тæ, хæ-дзæрт-тæ, цъæрт-тæ.

II ХАЙ. ПУНКТУАЦИ

I. СТЪÆЛФ

1  §. Стъæлф æвæрæм таурæгъон хъуыдыйады кæрон:

Уалдзæг. Хур æрттивы.

(Гæдиаты Ц.)

Мæргътæ райхъал сты, æмæ сæ алфамбылай зард æмæ цъыбар-цъыбурæй байдзаг.

(Коцойты А.)

Йæхиуыл чи фæуæлахиз уа, уымæй хъæбатырдæр нæй.

(Æмбисонд)

 

2§. Стъæлф æвæрæм, фæрссаг фарст кæм вæййы, ахæм домгæвазыгджын хъуыдыйады кæрон, сæйраг хъуыдыйад фарстон хъуыдыйад куы нæ вæййы, уæд:

Радзур, куыд бафтыд уый бæрц сгуыхтдзипæдтæ дæ къухы. Зæгъут, цавæр æппæтадæмон бæрæгбонтæ зонут.

 

3§. Стъæлф æвæрæм ранымады хæйтты кæрон, уыдон, даргъгонд куы вæййынц, стæй ма дзы æндæр æрхæцæн нысан куы вæййы, йе та сæрмагонд хъуыдыйæдтæй арæзт куы фæцæуынц, уæд:

Куыд национ культурæйы ахсджиагдæр хай, афтæ ирон æвзаг бахъахъхъæнынмæ æмæ йæ дарддæры рæзтмæ æхсæнады æргом здахыны нысанты уынаффæ хæссын:
1. Снысан кæнын республикæйы бæрæгбон — Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон.
2. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон бæрæггонд цæуæд, ирон поэзийы зынаргъдæр хæзна Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр» рухс куы федта (1899 азы май), уыцы бонимæ иумæ, 2003 азæй райдайгæйæ, 15 майы.
3. Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Президенты цур ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ йæ рæзты фæдыл къамис, Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Иумæйаг æмæ про-фессионалон ахуырады министрад, Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Культурæ æмæ аивады министрад, республикæйы Фысджыты цæдис сæ куысты пъланты нысан кæнæнт æрвылазон бæрæгбон — Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон.
4. Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Хицауад æркæсæд Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Президенты цур ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ йæ рæзты фæдыл къамисы фæндæттæм æмæ сбæлвырд кæнæд финансон хæрдзты ратæдзæнтæ 2003 азы Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон арвитынæн, æрвылаз та республикон бюджеты уыцы нысантæн фæрæзтæ амонгæйæ.
5. Ацы Указ йæ тыхы цæуы къух дзы бавæрыны бонæй.

(газет «Рæстдзинад»)

 

4§. Стъæлф æвæрæм, дарддæр исты лæмбынæг æрфыст кæй цæудзæн, уый нын цы хъуыдыйад фæамоны, уый кæрон:

Хъуыддаг та афтæ рауад. Сабаты нæм сыхаг хъæуæй æрбацыдысты нæ ног хæстæджытæ. Семæ уыд уыдонæн се ’рвадæлты чызг, хæрзконд æмæ рæсугъд. Уазджытæн æгасцуай зæгъынмæ æрбамбырд сты сыхы фæсивæд дæр.

 

5§. Стъæлф æвæрæм цыбыргонд дзырдты фæстæ:

Л.Н. Толстой, Хетæгкаты Къ., Коц. А. (Коцойты А.), М.Д. (Мамсыраты Д.); æ. æнд., æ. а. д., æд. б. хауæн (æддагбынатон хауæн).

Фиппаинаг. Стъæлф не ’вæрæм цыбыргонд вазыгджын дзырдты æмæ цыбыргонд метрикон барæнты:

УФ, РЦИ-А, ЦИПУ; профком, колхоз, совхоз; м (метр), дм (дециметр), см (сантиметр), мм (миллиметр), км (километр), кг (килограмм), г (грамм), л (литр).

II. ФАРСТЫ НЫСАН

6  §. Фарсты нысан æвæрæм фарстон хъуыдыйады кæрон:

Ай та цы диссаг у?

(Хетæгкаты Къ.)

Цы æрцыди, цæмæ ныхъхъуыста афтæ зæрдиагæй уалдзæджы къæсæрыл Тæнæг сых?

(Æрнигон И.)

Цыдысты бонтæ дæр æнкъардæй. Кæдæм? Цæмæн?

(Хетæгкаты Къ.)

Цы хур, цы къæвда уæ æрхаста, ацы бæстаг куы нæ стут, уæд?

(Нарты кадджытæ)

 

7§. Фарсты нысан æвæрæм, риторикон фарст цы хъуыдыйады вæййы, уый кæрон:

Адæмы ныхмæ цы уæйыг фæлæудзæн? Чи сыл фæуыдзæн уæлахиз æхсарæй?

(Гæдиаты Ц.)

Цавæр хистæры нæ бафæнддзæн, йæ кæстæр уымæй амондджындæр уа, уый? Фæлæ æдзух кæстæртæ амондджындæр кæм вæййынц?

 

8§. Æмхуызон уæнгтæ цы фарстон хъуыдыйады æмбæла, уым фарсты нысан æвæрæн ис алы æмхуызон уæнджы фæстæ дæр, фарст нæ фæдихтæ кæнын куы фæнда, уæд:

Цы æрбаластой колхозы кæртмæ? картоф? æви æндæр исты?

Цавæр кърандас дæ хъæуы? сау? бур? сырх? цъæх?

 

9§. Фарсты нысан æвæрæм, фæрссаг фарст цы домгæвазыгджын хъуыдыйады уа, уый кæрон, сæйраг хъуыдыйад фарстон куы вæййы, уæд:

Мæнæу кæрдын кæд райдайдзыстæм, уый нæ зоныс?

Ме ’мбал дын нæ загъта, кусынмæ дæ кæдæм цæуын хъæуы, уый?

 

10§. Фарсты нысан æвæрæм, фæрссаг фарст комкоммæ фарстæй хъæлæсы уагæй зын раиртасæн цы вазыгджын хъуыдыйады вæййы, уый кæрон, сæйраг хъуыдыйад фарстон куы нæ уа, уæд дæр:

Бригадир дæ фæрсы, дæ куыст фæдæ?

Иу хатт ма дæ фæрсын, дæ ном цы хуыйны?

 

11§. Фарсты нысан æвæрæм бавæргæ фарстон хъуыдыйады кæрон, къæлæттæй кæнæ тиретæй хицæнгонд куы цæуа, уæд:

Фарон (нал æй хъуыды кæныс?) дæттæ тынг раивылдысты.

 

12§. Фарсты нысан къæлæтты мидæг æвæрæм, искæй кæнæ хи хъуыды фысгæйæ, гуырысхо кæм фæкæнæм, уыцы ран:

Ме ’мбал мын дзырдта, иу бонмæ, дам, фосы уæзыл æфты килограмм (?) хохы сæрдыгон хизæнты.

III. ХЪÆРЫ НЫСАН

13  §. Хъæры нысан æвæрæм хъæрон хъуыдыйады кæрон:

Æгас цæуæд 9-æм Май!

Нæ Иры зæххыл хæст мауал уæд!

Фиппаинæгтæ: Æдзухдæр хъæрон вæййынц æмæ хъæры нысанæй фæвæййынц:

1. Хъæрон дзырдтæ цы, цæй, цас æ. æнд. кæм уа, ахæм сæрмагонд хъуыдыйæдтæ:

Цы цæнгтæ мыл разад, цы хосдзау уыдтæн!

(Хетæгкаты Къ.)

Цæй зын дæ, цæ, кæвдæсарды ном!

(Плиты Г.)

Цас рæсугъд хъуыдытæ, цас рæсугъд фæндтæ сæвзæрын кæны зæрдæйы уалдзæг!

(Цæгæраты М.)

2. Фæдзæхстон здæхæны руаджы нæ, фæлæ æндæр мадзæлттæй фæдзæхст кæм æвдисынц, ахæм фæдзæхстон хъуыдыйæдтæ:

Размæ, фæсивæд!

Æгъгъæд!

Тагъддæр мæ фæстæ!

Иу сыбыртт дæр нал!

Æцитт!

Орч-орч-орч!

3. Разæнгардгæнæн хъуыдыйæдтæ цæхгæр домæн, карз фæдзæхст куы февдисынц, уæд:

Зæгъ, цы дæ хъæуы мæнæй, зæгъ!

(Хъуылаты С.)

Кæм стут, лæппутæ, цæмæй ма тæрсут?
Æрцæут, ысласæм æлдарæн йæ уд!

(Нигер)

Банцайут! Бæстæ хъæрæй уæ сæрыл куы систат! Иу чысыл байхъусут!

4. Таурæгъон æмæ фарстон хъуыдыйæдтæ, тыхджын æнкъарæнтимæ (дис, тас, маст æ. æнд.) загъд куы цæуой, уæд:

Уый у! Йæ хъæбулы удхæссæджы базыдта!

(Гаглойты В.)

Уæ мæ зынаргъ æмбæлттæ! Уе ’ууæнк æппæт дунейы хæхтæй уæззаудæр æмæ фидардæр у! Махæн, фæллойгæнæг адæмы цотæн, нæ сагъæс, нæ тыхст, нæ цин иухуызон сты!

(Санаты У.)

С а д у л. Æмæ та хъуамæ ахæм куырæты Азауы размæ рацæуай изæры!

(Плиты Г.)

Д з а м б о л а т. Цытæ дзурыс, Астархан, дæ хорзæхæй!

(Джимиты Г)

 

14§. Хъæры нысан æвæрæм хъуыдыйады райдайæны æвæрд сидæнты, хайыгты æмæ æвастхъæрты фæстæ (фæстæгтæ хъуыдыйады астæу куы вæййынц, уæд дæр), хъæрон хъæлæсы уагæй сæ куы фæзæгъæм, уæд:

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй фæластон мæ сау зæрдæ дард...

(Хетæгкаты Къ.)

О, о! — бирæгъ загъта. — Ма рох кæ дæ дзырд...

(Хетæгкаты Къ.)

Нæ, нæ! Нырма цæуынхъом дæн.

(Бесаты Т.)

Гъæй-джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид иу сау къæдзæхы сæрæй.

(Хетæгкаты Къ.)

Ау! Кæд дæхи у, уæд ма йæм цæмæ хъуызыс, — чи дæ нæ уадзы йæ райсын?

(Хетæгкаты Къ.)

Ды та, ау! хистæрмæ афтæ куыд бауæндыдтæ?

 

15§. Хъæры нысан къæлæтты æвæрæм, искæй хъуыдымæ хъус тынгдæр æрдарын кæм нæ фæхъæуы уым:

«Уыцы расыггæнагмæ (!) æз никуы смой кæндзынæн», — загъта чызг.

IV. КЪÆДЗЫГ

1. Къæдзыг сæрмагонд хъуыдыйæдтæй арæзт вазыгджын хъуыдыйады

16  §. Къæдзыг æвæрæм, иу вазыгджын хъуыдыйады кæрæдзиуыл æнæ бæттæгæй баст цы сæрмагонд хъуыдыйæдтæ вæййынц, уыдоны æхсæн:

Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд, нæ зонын мæ мады рæвдыд.

(Хетæгкаты Къ.)

Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд, искæмæ бахъарæд адæмы хъыг, дзыллæйы мастæй уæ исчи фæриссæд, иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!..

(Хетæгкаты Къ.)

 

17§. Къæдзыг æвæрæм, иу вазыгджын хъуыдыйады иугæнæг бæттæгтæ æмæ, дæр, стæй, дæр — дæр, нæ — нæ, нæдæр — нæдæр, нал — нал, ма — ма, мауал — мауал æмæ æндæрты руаджы цы сæрмагонд хъуыдыйæдтæ баст цæуой, уыдоны æхсæн:

Боныцъæхтæм ныхъхъус ис уарын, æмæ цъæх дарийау сæрттывта æнæмигъ арв.

(Мамсыраты Д.)

Нырма мæнмæ ахæм уайдзæф ничима æрбаппæрста æгас комбæсты, дæуæй дæр æй нæ райсдзынæн.

(Джусойты Н.)

Уазæг иу æхсæв уазæг у, стæй уый дæр фысым у.

(Æмбисонд)

Æлдар дæр бафынæй ис, фыййæуттæ дæр бафынæй сты.

(Нарты кадджытæ)

Нæ уаргæ кæны, нæ хур кæсы.

 

18§. Къæдзыг æвæрæм, иу вазыгджын хъуыдыйады ныхмæвæрды бæттæгтæ фæлæ, та, афтæмæй, уæддæр, кæннод, æндæр(а), уыййеддæмæ æмæ æндæрты руаджы цы сæрмагонд хъуыдыйæдтæ баст цæуой, уыдоны æхсæн:

Нарты Сослан Хызы фырт Челæхсæртæджы чызг Бедухайы куырдта, фæлæ йын æй йæ фыд нæ лæвæрдта.

(Нарты кадджытæ)

Уазæгæн йе ’рбацæуын йæхи бар у, йæ ацæуын та — фысымы бар.

(Æмбисонд)

Къæвда нæма банцади, афтæмæй хур ракасти.

Сармадзанты нæрын дардæй-дарддæр кодта Сæгойы хъæубæстæй, уæддæр ма хæстон машинæтæ кæрæдзийы фæдыл тахтысты хъæуы уынгты.

(Цæгæраты М.)

Цæй, фæцæуон æз, кæннод æрбабон уыдзæн.

(Бесаты Т.)

Сосланы цалх мæ хон, Балсæджы цалх мæ ма хон, æндæра мæ Сослан амардзæн.

(Нарты кадджытæ)

Цард Батыр йæ чызджы цинæй, уыййеддæмæ йыл ныттар ис æрвон хур.

(Нигер)

 

19§. Къæдзыг æвæрæм, иу вазыгджын хъуыдыйады дихгæнæг бæттæгтæ йе, кæнæ, æви, куы — куы, кæнæ — кæнæ, йе — йе, фæнды — фæнды æмæ æндæрты руаджы цы сæрмагонд хъуыдыйæдтæ баст цæуой, уыдоны æхсæн:

Мах зымæг нæ кæны æндæртау хъуынтъыз, йе уалдзæг нæ ивæм кæйдæртау нæ хуыз.

(Нигер)

Æз уæм цы лæппу радтон, уый рарвитут, кæд истæмæн бæззы, кæнæ нарт сæфынц.

(Нарты кадджытæ)

Æрра сси, æви йæ сайгæ фæчынди бабайы ацы бон?

(Боциты Б.)

Дарддæр афтæ цæрæн нал ис, кæннод адæймаг йæхи æгады ранмæ æруадздзæн.

(Мамсыраты Д.)

Куы дард æлдаратæм лæбурын, куы та мæм хъæды смуды сырд...

(Нигер)

Кæнæ æппынæдзух дæр уаргæ кæны, кæнæ иудадзыг хур кæсы.

Фиппаинæгтæ.

1. Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдты сæрмагонд хъуыдыйæдтæ бæттæгтæ æмæ, æви, кæнæ-йæ баст куы вæййынц æмæ сын иумæйаг фæрссаг уæнг кæнæ иумæйаг уæлæмхæст хъуыдыйад куы вæййы, уæд сын се ’хсæн къæдзыг не ’вæрæм:

Хъæдæй-иу алы бон дæр хъуызгæйæ рацыдысты уæрдæттæ кæнæ-иу хъæдæрмæгæй дзагæй ныххал сты машинæтæ.

Абон нæм уроктæ уыдзæни æви нæ экскурсимæ кæндзысты?

Куыддæр мигъ йæхи систа зæххæй, афтæ стъалытæ разындысты æмæ бæстæ ныйирд ис.

2. Дыууæ сæрмагонд фарстон хъуыдыйады бæттæг æмæ-йæ баст куы уой, уæд сын се ’хсæн къæдзыг не ’вæрæм:

Де ’мбæлттæ чи сты æмæ сæ нæмттæ цы хуыйнынц?

Куыстмæ кæд цæуæм æмæ нын хистæр чи уыдзæнис?

2. Къæдзыг сæйраг æмæ уæлæмхæст хъуыдыйæдты æхсæн, стæй уæлæмхæст хъуыдыйæдтæн сæхи æхсæн

20  §. Домгæвазыгджын хъуыдыйады сæйраг æмæ уæлæмхæст хъуыдыйæдты æхсæн æвæрæм къæдзыг, кæд уæлæмхæст хъуыдыйад сæйраг хъуыдыйады астæу уа, уæд та йæ дыууæрдыгæй дæр хицæн кæнæм къæдзыгтæй:

Арс мыдæй куы бафсæст, уæд ын маст ад скодта.

(Æмбисонд)

Адæм рæгъау мæнмæ уымæн радтой, æмæ сын æй æз дæу хуызæн хæтæнхуæгтæн байуарон?

(Бритъиаты Е.)

Амондджын уый вæййы, æнæниз æмæ æвæсмонæй чи фæцæры.

(Æмбисонд)

Адæм æрæмбырд сты, æлдар сывæллæтты кæм банай кодта, уыцы фæзы.

(Гæдиаты С.)

Бæрæг уыд, рухс хъæуæй кæй цæуы, уый.

(Мамсыраты Д.)

 

21§. Уæлæмхæст хъуыдыйад куы фæлæууы сæйраг хъуыдыйады фæстæ æмæ вазыгджын бæттæгтæ уымæн æмæ, уымæ гæсгæ æмæ, уый тыххæй æмæ-йæ куы райдайы, уæд къæдзыг æвæрæм бæттæгты разæй:

Цардысты тынг мæгуыр, уый тыххæй æмæ сын нæ уыдис нæ хуымгæнды, нæ хосгæрсты зæхх.

(Хетæгкаты Къ.)

Дзерассæ Æхсары йæхи лæг фенхъæлдта, уымæн æмæ Æхсар æмæ Æхсæртæг æмхуызæттæ уыдысты.

(Нарты кадджытæ)

Фæлæ ацы вазыгджын бæттæгты хæйттæ: уымæн, уымæ гæсгæ, уый тыххæй-йыл логикон цавд куы фæхауы, сæйраг хъуыдыйады уæнгтæ куы свæййынц æмæ сæ фæстæ паузæ куы фæкæнæм, уæд къæдзыг æвæрæм æрмæст бæттæг æмæ-йы размæ:

Мах ахуыр кæнæм уымæн, æмæ нæ фæнды нæ дуджы аккаг лæгтæ суæвын.
Мах кусæм уый тыххæй (уымæ гæсгæ), æмæ æнæ кусгæйæ цард нæй.

 

22§. Вазыгджын хъуыдыйады алыхуызон æмдомгæ æмæ къæпхæны уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ куы уа, уæд уыдон сæйраг хъуыдыйадæй дæр æмæ кæрæдзийæ дæр хицæн кæнæм къæдзыгтæй:

Хæмæт сагъæс кодта Тему æмæ Цæлыккыл, фæлæ, кæм уыдысты, уымæн, Иласæй цы базыдта, уыййеддæмæ никуыцæй ницы хабар хъуыста æмæ алы бон йæхи мæтæй хордта.

(Боциты Б.)

Цорæйы цард ахæм зилдухæнты баппæрста, ахæм уавæрмæ йæ æртардта, æмæ, хъæддаг сырд цъысымы куы бахауа, уыйау кæны, фæндаг агуры арæдувынмæ, хъавы, хызау йæ уæнгтыл чи æртыхсти, уыцы тугмондаг сау хæлуарæджы тын атонынмæ, фæлæ йын ницы мадзал ары.

(Хъодзаты Æ.)

 

23§. Иу сæйраг хъуыдыйадимæ баст æмхуызон æмдомгæ уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ кæрæдзиуыл бæттæгæй баст куы нæ уой, уæд се ’хсæн æвæрæм къæдзыг, бæттæг æмæ-йæ баст куы уой, уæд та — нæ:

Æз зонын, куыд хъазы ныр уалдзыгон дымгæ, куыд зарынц ныр дæттæ нæ арф æрхыты.

(Гæдиаты Ц.)

Цæст цы уына, хъус цы хъуса, уыдон се ’ппæт дзуринаг не сты.

(Æмбисонд)

Урс хъазахъхъæгтæ кæй æрбацæуынц æмæ та хъæуы бирæ зиантæ кæй æрцæудзæн, уый æз бамбæрстон уазæджы ныхасæй.

Быдираг дымгæтæ кæм хъазынц, фосы дзугтæ кæм ахæлиу сты æмæ трактортæ æфсæндзых уæйгуытау кæм змæлынц, уырдæм мæ сайынц мæ хъуыдытæ.

(Цырыхаты М.)

Фиппаинæгтæ. 1. Домгæвазыгджын хъуыдыйады искæцы уæлæмхæст хъуыдыйад иуæй-иу хайыгтæ, бæттæгтæ æмæ цыбыр хуызы цæсгомон номивджытæй куы райдайы, уæд ахæм уæлæмхæст хъуыдыйад йæ размæ æвæрд бæттæгæй къæдзыгæй нæ хицæн кæнæм:

Иуанеимæ хицæуттæ лымæн уыдысты, уый тыххæй æмæ-иу искæй æхца æфстау куы бахъуыди гæртамы тыххæй, уæд ын уымæй исын кодтой.

(Гæдиаты С.)

Æз иугай æмбырд кæнын, мæ зæрдæмæ чи цæуы, уыцы ныхæстæ, æмæ мын куы бабирæ вæййынц, уæд сыл ныхас кæнын ме ’мбæлттимæ.

(Боциты Б.)

Куыдз кæртмæ æрбахызт, æмæ та йæ гæды куыддæр ауыдта, афтæ йæхи амбæхста.

2. Æрмæст иунæг бæттæгæй кæнæ бæттæг дзырдæй арæзт цы уæлæмхæст хъуыдыйад уа, уый сæйраг хъуыдыйадæй къæдзыгæй нæ хицæн кæнæм:

— Цас?

— Цæмæй йæ зонын цас?

— Куыд?

— Куыд уый фендзынæ.

3. Къæдзыг хъуыдыйады æмхуызон уæнгты æхсæн

24  §. Къæдзыг æвæрæм, бæттæгтæй баст чи нæ вæййы, ахæм хъуыдыйады æмхуызон уæнгты æхсæн:

Ногзад родтæ, уæрыччытæ, сæныччытæ хурмæ сæхи тавынц.

(Епхиты Т.)

Дзаг уыди хъæд алыхуызон диссаджы дидинæгæй, хъæддаг дыргъæй, мæнæргъытæй, дзедыртæй, æрыскъæфтæй.

(Фæрнион Къ.)

Тар хъæдæй нæ зынынц арф, уынгæг кæмттæ.

(Хетæгкаты Къ.)

Адæм быдыры куыстмæ рацыдысты сылгоймагæй, нæлгоймагæй, стырæй, чысылæй.

Фиппаинæгтæ. 1. Бæрæггæнæнтæ æмхуызон вæййынц, уыцы иу номдаримæ баст куы вæййынц æмæ йын йæ уыцы иу миниуæг (хуыз, ас, хъæд æ. а. д.) куы фæбæрæг кæнынц, уæд:

Цъæх, бур, морæ сыфтæ бæлæстæй хаудысты фæззыгон зæхмæ.

Чысыл, дынджыр, рæстæмбис харбызтæ лæууыдысты барæнты цур.

Мурат у уæздан, хæрзæгъдау лæппу.

Бæрæггæнæнтæ æмхуызон нæ вæййынц æмæ къæдзыгæй хицæнгонд нæ фæцæуынц, раззаг бæрæггæнæн номдары хицæнæй нæ, фæлæ йемæ баст фæстаг бæрæггæнæнимæ иумæ куы фæбæрæг кæны, уæд.

Арф къæдзæхбын мæсчъы иу лæг хуыртæ хæссы хæлд æнæбын тæсчъы...

(Хетæгкаты Къ.)

2. Мивдисджытæ æмхуызон уæнгтæ нæ вæййынц æмæ къæдзыгæй хицæнгонд нæ фæцæуынц, иу формæйы æвæрд уæвгæйæ, фæд-фæдыл куы фæлæууынц æмæ иумæйаг хъуыды куы февдисынц, уæд:

Цæуон зæгъон ын.

Цомут бакæсæм сæм.

Сбад баулæф.

 

25§. Къæдзыг æвæрæм, ныхмæвæрды бæттæгтæ фæлæ, та æ. æнд. цы æмхуызон уæнгтæ бæттой, уыдоны æхсæн:

Амонд агургæ ма кæн, фæлæ йыл тох кæн.

Ай-иу йæхи галæн ’взаргæ хос ракалдта, цæдисонæн та-иу хъæмпы мур адардта.

(Хетæгкаты Къ.)

 

26§. Къæдзыг æвæрæм фæлхатгæнгæ бæттæгтæ дæр — дæр, уæд — уæд, нæ — нæ, нæдæр — нæдæр, куы — куы æ. æнд. руаджы баст æмхуызон уæнгты æхсæн:

Фенкъард сты Уырызмæг дæр, бинонтæ дæр.

(Нарты кадджытæ)

Сослан йæхæдæг уыцы уæрмы ныллæсы, æмæ йыл уæле пыхс уæд, дур уæд, хъæд уæд ныккалынц.

(Нарты кадджытæ)

Нæ фæци мæ мадæн нæ файнуст, нæ тиу.

(Хетæгкаты Къ.)

Нæ йын уыдис нæдæр фыд, нæдæр хо, нæдæр æфсымæр.

(Аргъау)

Дыууæ зæронды бадынц иумæ куы Симоны дуармæ, куы Тедойы дуармæ.

(Коцойты А.)

Фиппаинæгтæ.

1. Фæлхатгæнгæ бæттæг дæр — дæр цы æмхуызон уæнгтæ фæбæтты, уыдон ма бæттæг æмæ-йæ дæр баст куы фæцæуынц, уæд се ’хсæн къæдзыг нал æвæрæм:

Хистæрæн дæр æмæ кæстæрæн дæр салам дæттын зонын хъæуы.

Æз дæр, ды дæр æмæ не ’мбал дæр хъуамæ афоныл уæм нæ куысты уæлхъус.

2. Дихон бæттæгтæ кæнæ, æви, йе, æмхуызон уæнгтæ бæтгæйæ, хъуыдыйады иугай хæттыты куы æмбæлой, уæд æмхуызон уæнгтæ кæрæдзийæ къæдзыгæй нал хицæн кæнæм:

Дзоныгъ кæнæ уæрдон кæд аэроплан схæсса Къамадмæ, уыййеддæмæ сын ссæуæн нæй.

(Коцойты А.)

Уазæг хохæй уыд æви быдырæй?

Нæ уроктæ нæхимæ йе кæсæндоны бацæттæ кæндзыстæм.

 

27§. Къæдзыг æвæрæм æмкъай бæттæгтæ æмæ бæттæг дзырдтæ куыд — афтæ... дæр, нæ — фæлæ... дæр, кæд — уæддæр, куы нæ — уæддæр æ. æнд. руаджы баст æмхуызон уæнгты æхсæн:

Гыццыл чызг æцæгæлон адæймагмæ дзурын нæ, фæлæ кæсын дæр нæ уæндыдис.

Уый кæд худгæ кæны, уæддæр мæсты тынг кæны.

Адæймагæн куыд йæ хорздзинæдтæ, афтæ йе ’взæрдзинæдтæ дæр куысты бæрæг кæнынц.

Абон куы нæ уа, уæддæр райсом сæмбæлдзыстæм.

Фиппаинаг. Бæттæг фæлæ æмхуызон уæнгтæн се ’хсæн нæ, фæлæ сæ фæстæ куы фæлæууы, уæд æй хицæн кæнæм къæдзыгæй:

Æз ахуыр кæнын университеты, институты нæ, фæлæ.

4. Къæдзыг фæлхатгæнгæ дзырдты æхсæн

28  §. Уыцы иу дзырд фæд-фæдыл дыууæ кæнæ фылдæр хатты куы фембæлы æнæ бæттæгæй (дæргъвæтин архайд æвдисыны нысаниуæгимæ, предметты бирæдзинад, миниуæджы тыхджындзинад амонынæн кæнæ разыдзинад, æнæразыдзинад, курдиат æ. а. д. фæкарздæр кæныны тыххæй), уæд ахæм фæлхатгæнгæ дзырдты æхсæн æвæрæм къæдзыг:

Цæуынц, цæуынц æмæ иу ранмæ бахæццæ сты.

(Аргъау)

Ленин фæсивæдæн фæдзæхста: ахуыр, ахуыр æмæ ахуыр.

Рауайут, рауайут, лæппутæ.

Нæй, нæй, ма тæрс, махмæ ды хъаны цард кæндзынæ.

(Хетæгкаты Къ.)

— Иу хатт ма дæ фæрсын: куысты уыдтæ:
— О, о.

Фиппаинæгтæ.

1. Къæдзыг æвæрæм, фæлхатгæнгæ дзырдæн æрмæст йæ иу хай куы фæлхат кæна (хуымæтæг мивдисæгæн — йæ разæфтуан, вазыгджын мивдисæгæн — йе ’ххуысгæнæг хай æ. а. д.), уæд уый размæ дæр:

Рауай, рацу, ра, мæ хур.

(Æрнигон И.)

Уый хъæр кæны, кæны, æз та мæхи ницы æмбарæг скодтон.

Ма кæ, ма, мысты йас рæуæд афтæ уæззау нæу!

(Хетæгкаты Къ.)

— Цæмæн ацыдтæ знон дæ куыстæй?
— Цæмæн, цæ... Нæхицæй мæм æрбадзырдтой...

2. Фæлхатгæнгæ дзырдтæй арæзт дзырдбаст иу хъуыды куы амона кæнæ æбæлвырддзинад, гуырысходзинад куы æвдиса æмæ дыккаг дзырды разæй æппæрццæгтæ нæ, ма куы уой, уæд ахæм дзырдты æхсæн къæдзыг не ’вæрæм:

Уыди нæ уыди, уæддæр ацыди.

Фæнды дæ нæ фæнды, уæддæр кус...

Дзур ма дзур, уæддæр дзы ницы рауайдзæн.

5. Къæдзыг абарстытимæ

29  §. Къæдзыгæй хицæн кæнæм, бæттæг куыд-æй цы абарстытæ райдайынц, уыдон:

Куыд алы ран, афтæ махмæ дæр нæлгоймаджы дарæс æмæ сылгоймаджы дарæс алыхуызон сты.

Æз дын уыцы хабæрттæ, куыд мæхионæн, афтæ ракодтон.

Куыд мæхи æфсымæр, афтæ уарзтон æз уыцы лæппуйы.

Фиппаинаг. Хуызæнон хауæны æмæ фæсæвæрд хуызæн-ы руаджы цы абарстытæ фæаразæм, уыдон къæдзыгæй нæ хицæн кæнæм:

Фашисттæ бал бирæгътау лæбурдтой.

Уыцы хабæрттæ мæ фыды хуызæн ничи зоны.

6. Къæдзыг æмхасæнтимæ

30  §. Æмхасæн номивæджы куы æмбарын кæна, уæд æй хицæн кæнæм къæдзыгтæй:

Мах, мæгуыр кусæг адæм, нæ сахуыр стæм дæсны дзурыныл.

(Мамсыраты Д.)

Сымах, Ирыстоны фæсивæд, тырнут ахуыры бæрзæндтæм.

 

31§. Æмхасæн иумæйаг номдар куы вæййы, уæд æй хицæн кæнæм къæдзыгтæй:

Додекка, æфсæддон афицер, æмхуызондарæсджын æфсадыл сахуыр.

(Мамсыраты Д.)

Мæй, стъалыты фыййау, сындæггай фæхъуызы хæхты цъуппытыл.

 

32§. Æмхасæнтæ бæрæггæнинаг дзырдтимæ баст куы вæййынц бæттæгтæ ома, куыд, кæнæ, уæд-ы руаджы, уæд сæ хицæн кæнæм къæдзыгтæй:

Хъæуы сæрдар, ома Æхсарбег, йæ раныхасы дзырдта æгъдæутты тыххæй.

Хъæуы хистæртæй бирæтæ, куыд Зауырбег, Хæсанæ, Хъазыбег æмæ æндæртæ, фæсивæды аразынц раст фæндагыл.

Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ, кæнæ сæйрат æмæ зæгъинаг, хатгай хъуыдыйадæй цухгонд æрцæуынц.

Мит, уæд залты мит, бæстæ бамбæрзта.

(Нигер)

 

33§. Æмхасæн сæрмагонд ном куы вæййы (æмбарынгæнæн дзырдтимæ кæнæ æнæ уыдон) æмæ йæ размæ бæттæг ома куы вæййы сæвæрæн, уæд æй хицæн кæнæм къæдзыгтæй:

Партизантæй иу, Хосдзау, хæстæг бацыд Аслæнбегмæ.

(Санаты У.)

Сандройы æмбæлттæй сæ иу, Хачатуров Арменак, тъæпæн æмæ нарст лæг, йæ ныхæй йæ хид сæрфгæ, уынаффæ кодта...

(Хъуылаты С.)

Иры номдзыд хъæбул, нæхи Къоста, йæ уацмысты тох кодта мæгуыр адæмы сæрыл.

 

34§. Æмхасæн сæрмагонд ном куы вæййы (æнæ æмбарынгæнæн дзырдтæй), уæд æй, бæлвырд кæныны интонациимæ зæгъæм æви нæ, уымæ гæсгæ фыссæн вæййы къæдзыгимæ дæр, стæй æнæ къæдзыгæй дæр:

Фæлæ:

Æрбацыди мæ хо, Зæлинæ.
Æрбацыди мæ хо Зæлинæ.

Фæлæ:

Æфсæддон, Хъазыбег, йæ хæстæ хорз зыдта.
Æфсæддон Хъазыбег йæ хæстæ хорз зыдта.

Фиппаинаг. Æмхасæн ма фыссæм тиреимæ дæр, уый тыххæй кæс 56, 58§§.

7. Къæдзыг фæрссагмитæ æмæ фæрссагмион здæхтытимæ

35  §. Фæрссагмитæ куыд æмбарынгæнæн дзырдтимæ, афтæ æнæ уыдонæй дæр, зæгъинагимæ æнгом баст куы нæ уой æмæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ фæрсдзырдмæ хæстæг куы нæ лæууой, уæд сæ хицæн кæнæм къæдзыгтæй:

Æмбырды адæм, сæ къухтæ уæлæмæ бæрзонд сисгæйæ, хъæлæс кодтой цæуылдæр.

Знагæн сæрсæттæн цæфтæ кæнгæйæ, Советон æфсад уæгъд кодта нæ бæстæ.

Æз цыдтæн, фыр цинæй мæ фæллад дæр ницæмæ даргæйæ.

Ныхасгæнгæйæ, Мæдинæт æмæ Зæлинæ бахæццæ сты сæ кусæн бынатмæ.

Лæппу лæууыд йæ бынаты, æнæ дзургæйæ.

Фæлæ:

Æнæдзургæйæ ма лæуу.

Хъазгæ æмæ худгæйæ цæры.

Тасгæ-уасгæ рацæуы...

Тæрсгæ-ризгæйæ дзуры.

Æнæ дзургæйæ йæ бон иу сахат абадын нæу.

Фиппаинаг. Хъуыдыйад цы дзырдтæй нæй райдайæн (иуæй-иу хайыгтæ, бæттæгтæ æмæ цыбыр хуызы цæсгомон номивджытæ), уыдоны размæ фæрссагмитæ æмæ фæрссагмион здæхтытæ къæдзыгæй нæ хицæн кæнæм:

Йæ хорз зарджытæн, йæ хорз кадджытæн кæрон кæм уыди, æнæ фæхудгæ, æнæ фæкæугæ сæм чи лæууыди.

(Хетæгкаты Къ.)

Скъоламæ цæугæйæ-иу лæппу хæдзары дæгъæлтæ сæ сыхæгтæм балæвæрдта. Скъолайæ æрбацæугæйæ та сæ-иу фæстæмæ райста.

8. Къæдзыг æндæр дзырдты хъуыды бæлвырддæргæнæг дзырдтимæ

36  §. Къæдзыгæй хицæн кæнæм, сæ разæй æвæрд дзырдты хъуыды цы дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ фæбæлвырддæр кæнынц, уыдон:

Бынæй, комы, дон хъæргæнгæ уади йæ айнæг къæй былыл.

(Хетæгкаты Къ.)

Арагуийы доны фарс, иу къуыбырыл, цард Арагуийы æлдар.

(Гæдиаты С.)

Æхсæрдæсæм аз, хосгæрдæны, иу райдзаст райсом, хъæубæстæй чидæртæ уынынц, рацæуы Хъæвдын бæхуæрдоны.

(Коцойты А.)

Чызджы хъуыды атахт дард фæсхохмæ, фыййау Муратбегмæ.

(Журнал «Фидиуæг»)

Знон, фыццæгæм сентябры, ралæууыд ног ахуыры аз.

 

37§. Къæдзыгæй хицæн кæнæм, сæ разæй кæнæ сæ фæстæ æвæрд дзырдты хъуыды цы дзырдтæ фæбæлвырддæр кæнынц, уыдон, семæ куы фембæлынц дзырдтæ: зæгъæм, фæстæмæ, йеддæмæ, уæлдай, уæлдайдæр, дарддæр, ома, кæнæ (ома-йы нысаниуæджы), тынгдæр, суанг, номхуындæй, раст, растæндæр æ. а. д.

Нæ фысджытæ, зæгъæм Хетæгкаты Къоста, се сфæлдыстады парахатæй пайда кæнынц фольклорæй.

(Газет «Советон Ирыстон»)

Дзыллæйы иумæйаг мастæй цух ничи баззайы, иу стæмты йеддæмæ...

(Джусойты Н.)

Иу сабат бон йæ разæй акодта (Саулæг) йæ фос, дыууæ галы æмæ æртæ хъугæй фæстæмæ, æмæ сæ Оны балæууын кодта.

(Джусойты Н.)

Нæ уазæг уыд ацæргæ лæг, номхуындæй Хъазыбег.

Адæм иууылдæр, суанг ма зæрæдтæ дæр, мæнæу кæрдынмæ рацыдысты.

Атахт зæрватыкк, æмæ дын лæг хъыг кæнынтæ куы сисид, растæндæр, цыма йæ хъæбул, йæ ахсджиаг хъæбул, дард балцы ис, уый хуызæн.

(Нигер)

9. Къæдзыгтæ бавæргæ дзырдтæ æмæ бавæргæ хъуыдыйæдтимæ

38  §. Къæдзыгæй хицæн кæнæм бавæргæ дзырдтæ æмæ бавæргæ хъуыдыйæдтæ:

Æвæццæгæн, загъта: куыст — цардæн фæрæз.

(Хетæгкаты Къ.)

Фæндаг æм ис, бæлвырдæй, дыууæ раныл.

(Хетæгкаты Къ.)

Амыран, æзынма, æрмæст махмæ уыдзæнис рухс.

(Хуыбецты Р.)

Уæллæй, æз дзы ахæм адæймаг никуыма федтон...

(Мамсыраты Д.)

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг кæуæгау фæкæса, мыййаг...

(Хетæгкаты Къ.)

Мæнмæ гæсгæ, ам канд Калман нæу аххосджын.

(Журнал «Фидиуæг»)

Æз, дам, ын мæ хæс раджы куы ахицæн кодтон, уæд ма мæ, зæгъы, цæй хæс агуры Джанаспи.

(Коцойты А.)

Кæдæм тæхы, Хуыцауы тыххæй, дæлæ уыцы чызг?

(Епхиты Т.)

Дæ нывонд фæуон, Фаризæт, мой цæмæн нæма кæныс?

(Гæдиаты Ц.)

Раст зæгъын хъæуы, ныр афон у Быдыгойæн быдырæй сыздæхынæн.

(Цæгæраты М.)

Къæдзыгæй хицæнгæнгæ бавæргæ дзырдтæ арæхдæр вæййынц ахæмтæ: æвæццæгæн, æнхъæлдæн, чи зоны, зæгъгæ, цæвиттон, цæвиттоны хъуыддагæй, мыййаг, æвæдза, иуæй, иннæмæй, аннæмæй, иннæрдыгæй, аннæрдыгæй, фыццаг, дыккаг, æртыккаг, фыццаджыдæр, дыккаджыдæр, мæгуыр, мæгуырæг, мæгуыртæг, бецау, афтæмæй, сæрæй, дæ (уæ) хорзæхæй, мæнмæ (дæумæ, уымæ, махмæ, сымахмæ, уыдонмæ) гæсгæ, мæ амондæн, ме ’намондæн, хъыгагæн, табуафси, цыбыр дзырдæй, иу дзырдæй æ. а. д.

Фиппаинæгтæ.

1. Ранымад дзырдтæй бирæтæ арæх хъуыдыйады мидæг вæййынц бавæргæ дзырдтæ нæ, фæлæ хъуыдыйады уæнгтæ (ома дзуапп фæдæттынц исты фарстæн) æмæ сæ уæд къæдзыгæй нæ хицæн кæнæм:

Ахуырбег, иуæй, курдиатджын лæппу у, иннæмæй, йæхиуыл тынг кусы (иуæй, иннæмæй — бавæргæ дзырдтæ).

Ахуырбег иуæй дæр хъаст кæны, иннæмæй дæр разы нæу (иуæй, иннæмæй — хъуыдыйады уæнгтæ).

2. Бавæргæ дзырдтæ бæргæ, хъуамæ, фæлтау, æрмæст, цымæ, хъæлæкк æ. а. д. æнæ паузæйæ куы фæдзурæм, уæд сæ къæдзыгæй нæ хицæн кæнæм:

Амар æй фæлтау фыр надæй, акъах ын йæ цæст, фесаф æй бынтон æгадæй, — бафсад æй æрмæст!... Йе стонгæн бæргæ ис цары иу нæртоны хос, фæлæ йæм фæндаг нæ ары, — аскъуыйа йæ бос!

(Хетæгкаты Къ.)

3. Хъуыдыйад цы дзырдтæй нæй райдайæн (иуæй-иу хайыгтæ, бæттæгтæ æмæ цыбыр хуызы цæсгомон номивджытæ), уыдонæй бавæргæ дзырдты æхсæн хъуыдыйæдты къæдзыг не ’вæрæм:

Æвæццæгæн дæм нæ уæнды.

Иуæрдыгæй адæмæй æфсæрмы кодта, иннæрдыгæй та йæ цæуын хъуыд.

10. Къæдзыгтæ сидæнтимæ

39  §. Къæдзыгтæй хицæн кæнæм сидæнтæ семæ баст дзырдтимæ (сидæны фæстæ хъæры нысан æвæрыны тыххæй кæсут 14§):

Мæ зынаргъ, æфсымæртæ, нæ тухийы ’фсондз йæхæдæг нæ асæтдзæн, асæттын æй хъæуы.

(Санаты У.)

Гиго, Пело, цæмæн рауагътат сывæллоны бæгъæввадæй, бæгъæмсарæй... ахонут æй мидæмæ, фæпърастуд уыдзæн.

(Коцойты А.)

Цы кæнынмæ хъавыс, Кочынайы-фырт?

(Санаты У.)

Гъе лæппу, рацу ардæм!

(Коцойты А.)

Ма тæрс, гуыдынхъус, æз нал дæн мархохор дæуау!

(Хетæгкаты Къ.)

11. Къæдзыгтæ æвастхъæртимæ

40  §. Къæдзыгæй хицæн кæнæм, хъæрон хъæлæсы уагæй кæй нæ фæзæгъæм, ахæм æвастхъæртæ (æвастхъæрты фæстæ хъæры нысан æвæрыны тыххæй кæсут 14§):

О, уый Гарсо куы дæ!

(Гуыцмæзты М.)

Оу, мæнæ цъысымы бахаудтæн!

(Хацырты С.)

Ау, ахæм хабар дæр æрцыд?

(Черчесты Т.)

Ай-ай-ай, хъыгаг хабар.

(Хацырты С.)

Мæн къуылых дзынга фæразы, гъери-гъа, дзæбæх!

(Хетæгкаты Къ.)

Уалдзæджы улæфт, мæ риумæ хъары, гъей, гъей! Бирæ фæцæрат, ме ’мгусæг чыртæ, гъей.

(Нигер)

Фиппаинаг. Æвастхъæртæй иртасын хъæуы се ’мхуызон тыхджындæргæнæн хайыгтæ.

Нæ вæййынц æвастхъæртæ æмæ нæ хъæуы къæдзыгæй хицæн кæнын сидæн дзырдтæ, арфæтæ æмæ æлгъыстытæ, тыхджындæргæнæн хайыгтæ о, уæ, гъе, гъæй, гъей, гъæ æ. æнд:

О цъиусур, ма мæм дзур!

(Хетæгкаты Къ.)

Уæ номдзыд Сатана, æз дæуæн фæдис хъæргæнæг куыннæ фæуыдзынæн!

(Нарты кадджытæ)

Гъе не ’фсин, махæн дæр нæ рагуалдзæг ахæм куы уыдаид, уæд афтæ мæгуыр уаиккам?

(Гæдиаты Ц.)

Гъей лæппу, — фергом лæг, — ам мæ кæй баййæфтай, уым дын мæ диссаг зæгъдзынæн...

(Хетæгкаты Къ.)

Гъæ гæды рувас, куыддæр ын хъуымацы кой скодтон, афтæ йæ зарын куыд фæуагъта!

(Мамсыраты Д.)

Уæ дæ бон мын бакалай ды! Иууыл дæхи фæнд кæныс.

(Джиоты Д.)

О байрай, Ирыстон!

12. Къæдзыгтæ разыдзинады, æппæрццæг æмæ фарстон хайыгтимæ

41  §. Къæдзыгæй хицæн кæнæм разыдзинады хайыгтæ (о, гъо, æууæ, ай-гъай), æппæрццæг хайыгтæ (нæ, нæгъ, нæй, нал) æмæ фарстон хайыгтæ (цы, и, нæ, гъы, æццæй), хъæрон хъæлæсы уагæй сæ куы нæ дзурæм, уæд:

— Уазал дын у, æви цæмæн ризыс?
— О, суазал дæн...

(Боциты Б.)

— Хъæбатыр Æхсарбег уыдис ныртæккæ дæ уæрмы?
— Ай-гъай, хъæбатыр Æхсарбег.

(Мамсыраты Д.)

— Абон кинойы уыдтæ?
— Æууæ, уыдтæн.

Нæ, уый ирон дзыллæ уæздандзинад нæ хонынц.

(Плиты Г.)

Нæгъ, нæгъ, нана, уый дæр мæ нæ хъæуы...

(Адæмон зарæг)

Нæй, нæма ис Быдыго зынæг.

(Цæгæраты М.)

— Нал цæуыс дæ куыстмæ?
— Нал, æгъгъæд у абон.

Цæмæн мæ хъуыд агъуд, ливорджын дæн, цы?

(Хетæгкаты Къ.)

Исчи йæ федта, цы, искуы хæцæнгæрзтæ даргæ ныры онг?

(Хетæгкаты Къ.)

Уæдæ йæ алы хъæуы дæр хъуамæ бакæсой, и?

(Мамсыраты Д.)

Цымæ цæуыл хъуыды кæныс, гъы? Æццæй, куыд уыди?

(Епхиты Т.)

V. Стъæлф къæдзыгимæ

42  §. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады сæрмагонд хъуыдыйæдты æхсæн, уыдон даргъгонд куы вæййынц кæнæ дзы къæдзыгтæ куы фембæлы уæд:

Мæ архайд, мæ тыхмæ лæг кодта хæлæг: æккойæ мæ ныхмæ кæм лæууыд хæрæг!

(Хетæгкаты Къ.)

Урс-урсид дзæгъгъатæй — бандæттæ, тæрхæг; саджы урс сыкъатæй Всатийæн — сынтæг.

(Хетæгкаты Къ.)

Хосдзаутæм хъуыддаг фæзынди цæттæ хинау; нал ысты хорзау, сæхицæн тæрсынц.

(Хетæгкаты Къ.)

Иу ахæм хæсты, 1920 азы, меньшевиктимæ фæмард йæ иунæг æфсымæр; йæ бинонтæн уый тыххæй нæ бантыст фалæмæ алидзын, æмæ бирæ мæстытæ бавзæрстой меньшевиктæй.

(Дзассохты В.)

Ацыдтæн зад хуымтыл, хосгæрстмæ схæццæ дæн. Адæм кæм кусынц, кæм бадынц; чи фæци, чи та ма хордта йæ аходæн; фæрныджы зиууæттæ зарынц...

(Хетæгкаты Къ.)

 

43§. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады мидæг сæрмагонд хъуыдыйæдты æхсæн, уыдон кæрæдзиуыл бæттæгтæ æмæ, фæлæ, уæддæр, та æмæ æндæртæй баст куы фæцæуынц, стæй тынг даргъгонд куы вæййынц æмæ дзы къæдзыгтæ куы фембæлы, уæд:

Æз дæ уымæн схъомыл кодтон, æмæ мæ кæд фæдарис; ды та дæ цоты дæр мæ бар ныууагътай, æмæ дæм кæд хорз кæсы, уæд цæр, мæ хур, цæр...

(Боциты Б.)

Мæнмæ уыд æрмæстдæр цъæх ахорæн; фæлæ, уый ницæмæ даргæйæ, æз сфæнд кодтон цуан сныв кæнын.

(Л. Толстой)

Зæгъæн ис, алы изæр дæр уыдон цыдысты фæсгорæтмæ, Ореандæмæ кæнæ æхсæрдзæнмæ; æмæ-иу сæ тезгъо фæрæстмæ ис, алы хатт дæр-иу бавзæрстой диссаджы аив æмæ егъау æнкъарæнтæ.

(А. Чехов)

 

44§. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм вазыгджын хъуыдыйады æмхуызон æмдомгæ уæлæмхæст хъуыдыйæдты æхсæн, уыдон тынг даргъгонд куы уой, кæрæдзиуыл бæттæгтæй баст куы нæ цæуой, уæлдайдæр ма сæ къæдзыгтæ куы уа, уæд.

Кæд мæйдар уыд, уæддæр мæм афтæ каст, цыма хæххон æрттиваг рухс хъæндилтæ мæ разæй дзугтæй тахтысты æмæ мын цырæгътæ дардтой; цъæх бирæгътæ рындзтæй гуыбырбæрзæйæ кастысты, æмæ мын сæ зынг цæстытæ стъалыты рухс кодтой; мæ фарсмæ бур æрсыты къорд цыдис æмæ лæпп-лæппæй кафыдысты; мæргътæ сæ лæппынтимæ урс хæрис бæлæстыл цъыбар-цъыбурæй хъазыдысты; хъæд æмтъæлланг кодта булæмæргъты зардæй; хæххон кæсæгтæ дурджын хуыдымтæй хъуына донбылтæм раленк кодтой балгай æмæ сæ чысыл хъоппæг цæстытæй мæнæрдæм джихæй кастысты; мæ размæ бæрзонд къæдзæхтæй дидинæг згъæлд, мæ фæндаг гауызау æртывта.

(Плиты Г.)

 

45§. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм, нымайгæ кæй фæкæнæм, хъуыдыйады ахæм даргъгонд хæйтты фæстæ, уæлдайдæр ма сæ къæдзыгтæ куы уа, уæд:

Партийы организацион арæзты, æппæт царды æмæ архайды разамонæг принцип у демократон централизм, уый амоны:
а) партийы æппæт разамонæг оргæнтæ дæле уæлæмæ æвзарын;
б) партион оргæнты рæстæгæй-рæстæгмæйы дзуаппытæ сæ партион организациты æмæ уæлдæрлæууæг оргæнты раз;
в) фидар партион æгъдау æмæ, къаддæр хай фылдæр хаймæ куыд хъуса, афтæ;
г) уæлдæрлæууæг оргæнты уынаффæтæ дæлдæрлæууæг оргæнтæн æнæмæнг æххæстгæнинаг куыд уой, афтæ.

(газет «Рæстдзинад»)

 

46§. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм тынг даргъгонд хъуыдыйады æмхуызон уæнгты æхсæн, уæлдайдæр ма уыдонæй искæцыйы къæдзыгтæ, куы уа уæд:.

Цыдис (Бесо) æнцад паддзахы фæндагыл йæ кæрцы цыбыры мидæг, йæ пака худы; хъуыды кодта, куыд хорз уыдзæн, емсыкк куы суа, уæд.

(Гæдиаты Ц.)

VI. ДЫСТЪÆЛФ

47  §. Дыстъæлф æвæрæм æмхуызон уæнгты разæй, хъуыдыйады кæрон кæнæ астæу куы æмбæлой, сæ размæ та иугæнæг дзырд куы уа хицæнæй кæнæ та ахæм дзырдтимæ: зæгъæм, куыд, номхуындæй, стæй.

Уыцы хæстæ баххæст кæнынмæ мах хъæуы специалисттæ: агрономтæ, инженертæ, ахуыргæнджытæ, техниктæ, дохтыртæ æмæ æндæр ахæмтæ.

(Епхиты Т.)

Уæрдæтты æмæ адæмы фæстæ Къæхтысæры къæдзтæ фæндагыл цыдысты фос: галтæ, хъуццытæ, фыстæ æмæ сæгътæ — кæрæдзийы схойгæ, рыджы тъыфылтæ сæ фæстæ уадзгæйæ.

(Мамсыраты Д.)

Кавказы цæры ахæм адæмыхæттытæ, куыд: гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ, азербайджайнæгтæ, дагестайнæгтæ, цæцæйнæгтæ, мæхъхъæлæттæ, ирæттæ, кæсгæттæ æ. а. д.

Ирон фысджытæй бирæтæ, зæгъæм: Плиты Грис, Дзадтиаты Тотырбег, Хъайтыхъты Геор, Хъазыбегты Хъазыбег æ. æнд. — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы тох кодтой цыфыддæр знагимæ Советон Æфсады рæнхъыты.

 

48§. Дыстъæлф æвæрæм ранымады разæй, иугæнæг дзырд дзы куы нæ вæййы, фæлæ ранымады хæйттæн бæрæг нысæнттæ куы фæдæттæм, уæд дæр:

Съезд:
а) байхъусы æмæ сфидар кæны Центрон Комитеты Центрон Ревизион Къамисы æмæ иннæ центрон организациты дзуаппытæ; æ) ногæй æркæсы, аивы æмæ сфидар кæны партийы Программæ æмæ Устав;
б) амоны партийы фæндаг мидбæстон æмæ æддагон политикæйы, æркæсы æмæ лыг кæны партион æмæ паддзахадон царды ахсджиагдæр фæрстытæ;
в) равзары Центрон Комитет æмæ Центрон Ревизион Къамис.

(газет «Рæстдзинад»)

 

49§. Дыстъæлф æвæрæм ранымады разæй, иугæнæг дзырд дзы куы нæ вæййы, фæлæ уæддæр ранымад кæй уыдзæн, уый равдисын куы фæхъæуы æмæ ранымады разæй лæууæг дзырд хъæрдæрæй куы фæзæгъæм, йæ фæстæ та паузæ куы скæнæм, уæд:

Хæдзары æфсин цæхæрадонæй æрбахаста: джитъритæ, хъæдындзтæ, уырыдзытæ æ. æнд.

Æмбырды уыдысты: ахуыргæндтæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ.

Фиппаинаг. Хъуыдыйады иугæнæг дзырд куы нæ вæййы, стæй ранымады размæ паузæ дæр куы нæ фæкæнæм, уæд ахæм хъуыдыйады дыстъæлф не ’вæрæм:

Æмбырды уыдысты ахуыргæндтæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ.

 

50 §. Дыстъæлф æвæрæм ахæм хъуыдыйады кæрон, йæ фæстæ цы хъуыдыйад, кæнæ хъуыдыйæдтæ уа, уыдон йемæ æнæ бæттæгæй иугонд кæм цæуой æмæ йын:

а) йæ хъуыды æххæстдæр, бæлвырддæр куы кæной, уæд (фылдæр хатт ахæм хъуыдыйæдтæм раттæн вæййы фæрстытæ цавæр? куыд? æмæ дзы сæвæрæн вæййы бæттæг ома):

Цуаноны сæры бацыд хинæйдзаг хъуыды: сфæнд кодта иу æхстæн раппарын дыууæ дзæбидыры дæр.

(Хетæгкаты Къ.)

Аннæйы æнцой нæ уагъта мæт: Къоста йæ куы фæрса, уæд ын цы дзуапп ратдзæн?

(Дзадтиаты Т.)

Иу миниуæг уыд Мысостмæ: мæгуыры сæрыл йæхи мæлæтмæ дæр раттаид.

(Гæдиаты Ц.)

Зурапп хъæлдзæггондæй бацамыдта къухæй хæдзары къулмæ: уым ауыгъд уыди дыууæ æмбисонды стыр сыкъайы.

(Хетæгкаты Къ.)

Хистæр кълæсты скъоладзаутæн сæ бакаст уыд æндæр: чызджытæн сæ дзыккутæ уыдысты рæсугъд быд.

(Епхиты Т.)

æ) кæнæ йын йе ’фсон куы амоной, уæд (арæх ахæм хъуыдыйæдтæм раттæн вæййы фæрстытæ цæмæн? цæуыннæ? æмæ дзы сæвæрæн вæййы бæттæг уымæн æмæ):

Сценæйы фæзынди Руслан, уыди тарстхуыз æмæ æнкъард: æрбадæлдзæх йæ Людмилæ.

(Дзадтиаты Т.)

Æгæр уæздан арæзтытæ фæци Зæли, мæгуыр лæгыл афтæ нæ фидауы: мæгуыр хъуамæ уындæй дæр фыдынд уа.

(Хъуылаты С.)

Буц ахуыр ма скæн дæ байзæддаджы: азымы дæ дардзысты æрæджиау.

(Æмбисонд)

Æдылыйæн æмдзæгъд нæ хъæуы: доны хъæрмæ дæр кафы.

(Æмбисонд)

б) кæнæ дзы цы мивдисджытæ вæййы (зонын, æмбарын, уынын, хъусын, кæсын æ. æнд. ах.), уыдоны хъуыды куы райхалынц, куы раргом кæнынц, уæд (арæх ахæм хъуыдыйæдтæм раттæн вæййы фарст цы? æмæ дзы сæвæрæн вæййы бæттæг кæй):

Адæм рагæй дæр зонынц: амонд хъæздыгдзинадæй нæу.

Лæппу бамбæрста: цард адæймагæн йæхицæй аразгæ у.

Фæкаст æмæ ауыдта: чызг æрлæууыди хъусинæгтæ ныхасæн цæджындзы раз æмæ худы.

(Дзадтиаты Т.)

Бæлæсты бын куы барухс, уæд дзы раргом ис: бадынц уæлæсыхы лæгтæ бæлæсты бын.

(Коцойты А.)

Кæсынц æм: арæх фæбады айнæджы сæрмæ йæ фосы цур...

(Хъуылаты С.)

Мæн уырны: æрцæудзæн сæрибар цард æппæт бæстæты фæллойгæнджытæн дæр.

 

51§. Дыстъæлф æвæрæм, комкоммæ ныхасы кæнæ цитатæйы размæ цы хъуыдыйад фæлæууы, уый фæстæ:

Нарт загътой: «Сырдонæн дурты бын дæр мæлæн нæй!»

(Нарты кадджытæ)

Халон халонмæ тæхы, Халон халонæн зæгъы: «Халон! Цæй-ма, ныр цы хæрæм? Сихорæн амал цы скæнæм?»

(Хетæгкаты Къ.)

Иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ бахæлæг кодтой хъæуы устытæ: «Тæхуды, ахæм чызг йæ хæдзарæй кæмæн рацæуы, ахæм чындз йæ къæсæрæй кæмæн бахизы!»

(Токаты А.)

Нарты кадджыты разныхасы фыст ис: «Иттæг аив æмæ хъæздыг у ирон адæмон сфæлдыстад кадджытæ, зæрджытæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæй. Уыдон биноныг æвдисынц ирон адæмы хъуыдытæ æмæ ирон адæмы бæллицтæ».

VII. ТИРЕ

52  §. Тире æвæрæм сæйрат æмæ зæгъинаджы æхсæн, вазыгджын зæгъинагæн йæ иу хай (æххуысгæнæг мивдисæг уæвын-ы цæсгомон формæ) цухгонд куы æрцæуы, уæд уый бæсты:

Зонд — хай, бæстæ — хай.

(Æмбисонд)

Мæ гутон, мæ галтæ — мæ фæндыр, мæ зонд.

(Хетæгкаты Къ.)

Зæрдæ цины бын — уæрыкк, хъыджы бын — дур.

(Æмбисонд)

Хорз фыййауæн — фос, бирæ фосæн — хос.

(Хетæгкаты Къ.)

Хæстæй æмæ фæдисæй лидзын — худинаг.

(Æмбисонд)

Дæс хатты дæс — сæдæ.

Нæ хъахъхъæнæг — сымах.

Уе ’дасдæр бынат — ам.

Цæргæсы бæллын — уæлæрвты тæхын.

(Æмбисонд)

 

53§. Тире æвæрæм цухгонд зæгъинаджы бæсты:

Бон боны фæдыл цыди, аз та — азы фæдыл.

(Брытъиаты С.)

Горæт хъæуæн дæтты промышленнон товартæ, машинæтæ, хъæу та горæтæн — хъæууонхæдзарадон продукттæ.

 

54§. Тире æвæрæм ранымады фæстæ иугæнæг дзырды разæй:

Адæймагæй, фосæй, бæласæй, кæрдæгæй, æнæуый цæрæгойæ — иууылдæр базмæлыдысты æмæ се уæнгтæ систой хуры зынг цæстмæ.

(Епхиты Т.)

Райсом рарвитут уæ бинойнæгты æмæ айсут ссад дæр, сæкæр дæр, макъаронтæ дæр — цыдæриддæр уæм цæуы, уый.

(Мамсыраты Д.)

Бомбæ, минæ, кард, танк, джебогъ, нæмыг — алцыдæр йæ куыст кодта уыцы ран.

(Нигер)

 

55§. Тире æвæрæм ранымады фæстæ, йæ разæй иугæнæг дзырд (кæнæ, зæгъæм, куыд, номхуындæй, ома) куы фæлæууы, йæ фæстæ та — хъуыдыйадæн йæ иннæ уæнгтæ, уæд.

Адæм иууылдæр: фысымтæ дæр, уазджытæ дæр — хъазтмæ рацыдысты.

Зджыды фæсивæдæй алчидæр: фæнды шахтæйы кусæд, фæнды ахуыргæнæгæй, фæнды дуканигæсæй уæд — уæддæр зæрдиагæй архайы æхсæнады царды.

(Мæхæмæтты А.)

Колхозонтæ се ’ппæт дæр, ома: фосы куыстгæнджытæ, механизатортæ, дыргъы куыстгæнджытæ — разы уыдысты сæ афæдзы фæллойæ.

 

56§. Тире æвæрæм хъуыдыйады кæрон кæнæ йæ астæу æвæрд æмхасæны разæй, цы дзырд фæбæрæг кæны, уыимæ йын æмхуызон уæнгыл банымайынæй тас куы вæййы кæнæ ма йæхи мидæг исты æрхæцæн нысан куы уа, уæд (ахæм æмхасæны размæ сæвæрæн вæййы бæттæг ома):

Знон федтон мæ хæлæртты хуыздæры — Мураты.

Цуанон йемæ акодта хъæдмæ йæ цуанон куыдзы — йæ цыппæркъахыг æмбал Силæмы.

(Коцойты А.)

Зæхкусæг адæмы цард фæхуыздæрæн ис æрмæст иу фæндаг — иумæйаг коллективон хæдзарады фæндаг, колхозы фæндаг.

(Гæдиаты Ц.)

Директоры кабинетæй рацыдысты Хъазыбег — заводы хистæр бухгалтер, Мæирбег — директоры хæдивæг, Саниат — профкомы сæрдар.

 

57§. Тире æвæрæм даргъгонд кæнæ æнæдаргъгонд инфинитивы разæй, уый æмхасæны ролы куы уа æмæ, йæ разæй цы æмбарынгæнинаг дзырд лæууы, уый куы фæбæрæг кæны, уæд (ахæм инфинитивы размæ сæвæрæн вæййы бæттæг ома):

Мæ фыд царды фæрæзыл нымайы æрмæстдæр иунæг хъуыддаг — кусын.

Скъоладзауты сæйрагдæр хæс у зындгонд — ахуыр кæнын.

Лæппуйы сæрмæ æрцыд рæсугъд фæнд — балæвар кæнын йæ мадæн бæрæгбонмæ йæхи конд ныв.

 

58§. Тиретæ æвæрæм даргъгонд æмхасæнæн дыууæрдыгæй дæр, хъуыдыйады астæу куы лæууа æмæ бæрæггæнинаг дзырдимæ æнгом баст куы нæ уа, уæд (æмхасæн къæдзыгтæй кæд хицæн кæнæм, уый тыххæй кæсут 30–34§§):

Рæсугъд хъал чызг — Сайнæг-æлдары бындар Агуындæ-рæсугъд — æрхызтис айнæгæй, æрæмбырд кодта уадындзы сæстытæ æмæ сæ бахаста сæхимæ.

(Нарты кадджытæ)

Саломи — идæдз ус — йæ дыууæ æнахъом чызгимæ уайтагъд ацæттæ кодта йæхи.

(Коцойты А.)

Садуллæйы æрвадæлтæ — фынддæс хæдзары — фæйнæ лæгæй уым уыдысты.

(Гæдиаты Ц.)

Бæрз бæлас — бæлæсты фидауц — уæд йæ цæссыгтæ æркалдта.

(Гулуты А.)

Магомед Хадичев — иу-дыууиссæдзаздзыд, цыргъфындз, фыдцъылыз лæг — бадт фæцис Газевы фарсмæ æмæ алкæмæдæр ныхасæппарæн кодта, дзурын никæй уагъта.

(Цырыхаты М.)

Буцæ — санибайаг лæппу, Арæны уарзон, патриархалон хъæуы идеалон минæвар — бахауд горæтмæ...

(Джусойты Н.)

 

59§. Тиретæй дыууæрдыгæй дæр хицæн кæнæм хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ, хъуыдыйады астæу куы æмбæлой æмæ сæ разæй æвæрд дзырд куы æмбарын кæной, уæд:

Ирыстоны хицæн рæтты — Дзинагъайы, Урсдоны, Къæхтысæры æ. æнд. — арæзт æрцыди турбазæтæ.

Цæгат Кавказы цæрæг адæмыхæттытæ — ирæттæ, балхъайрæгтæ, хъуымыхъхъæгтæ — сæ равзæрдмæ гæсгæ ибериаг-кавказаг адæмты къордмæ нæ хауынц.

 

60§. Тиретæй дыууæрдыгæй дæр хицæн кæнæм бавæргæ хъуыдыйæдтæ æмæ бавæргæ дзырдтæ, хъуыдыйады астæу куы лæууой æмæ хъуыдыйадимæ сæ бастдзинад бынтон дард куы нæ уа, уæд (бавæргæ дзырдтæ æмæ бавæргæ хъуыдыйæдты къæдзыгтæ æмæ къæлæттæй кæд фæхицæн кæнæм, уый тыххæй кæсут 38, 72.§§).

Кæмдæр та халон — цыма дзы хъалон нæ фыййау дардта — цыхты къæртт ссардта.

(Хетæгкаты Къ.)

Чысыл ма йæ зонын мæ фыды... Хæмæт — йæ номæй йæ хонын — кæм кодта мæ мæт:

(Хетæгкаты Къ.)

Уæд дын — царциаты диссæгтæ! — хур бон арв хæхты сæрмæ куы ферттивид.

 

61§. Тире æвæрæм дыууæ зæгъинаджы æмæ дыууæ сæрмагонд хъуыдыйады æхсæн, уыдонæй дыккаг, æнæнхъæлæджы чи вæййы кæнæ, фыццаджы ныхмæ чи фæцæуы, ахæм архайд куы февдисы, уæд:

Æз хъæрмæ рауадтæн — æмæ сагъдауæй аззадтæн.

Уынгмæ ауади — æмæ фæстæмæ æрбаздæхти, стъолы фарсмæ абадти — æмæ уайтагъд фестади.

Уый чызг нæу — зæд у.

Бæрзæндты тахти — ныллæг æрбадти.

Æз нæ уыдтæн — гæды уыди.

(Хъороты Д.)

Дæ фыдæлтæ рухсаг — дæхæдæг мын бæзз.

(Хетæгкаты Къ.)

Уый арв нæ нæры — фæлдахы сырдты йæ хъыримагæй Гуыйман — чысыл лæг.

(Нигер)

Уазæг цæттæ — фысым æдзæттæ.

(Æмбисонд)

Фæлæ цыдысты мæйтæ мæйты фæстæ, азтæ азты фæстæ — Хъæвдынмæ маст исыны кой ницы уыди.

(Коцойты А.)

Фиппаинаг. Архайды æнæнхъæлæджыдзинад тынгдæр равдисыны тыххæй тирейæ рахицæнгæнæн ис хъуыдыйады искæцы хай:

Гуыдырыл бирæ фæцархайдтон, фæлæ — дзæгъæлы.

Карк иууылдæр бахордта — къахæй сæрмæ.

Федтон дæ — нæ сыхæгтæм.

 

62§. Тире æвæрæм æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады дыууæ сæрмагонд хъуыдыйады æхсæн, дыккаг хъуыдыйад фыццагæй хатдзæг куы кæна кæнæ йын йæ фæстиуæг куы æвдиса, уæд:

Хъæвдын барæхуыста — хъама Батрадзы чъылдымæй акасти.

(Коцойты А.)

Уыцы ран Уырысби бакасти чызгмæ — чызг йæ цæстытæ зæххы ацавта...

(Коцойты А.)

Сырд ахæм рæсугъд уыд — куыннæ йын фæтæригъæд кодтаин?

 

63§. Тире æвæрæм æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады дыууæ хайы æхсæн, йæ хъуыдымæ гæсгæ фыццаг уæлæмхæст хъуыдыйады хуызæн куы уа, дыккаг та — сæйраг:

Нæ зоныс — ма æвнал.

Хæрын уарзыс — кусын дæр уарз.

Хæс дæхимæ райстай — сæххæст æй кæн.

Дон кодтон — хуылыдз кодта, ссад кодтон — сур кодта.

(Æмбисонд)

 

64§. Тире æвæрæм (къæдзыджы фæстæ), даргъ вазыгджын хъуыдыйады хъуыды тынгдæр бахахх кæныны, фæтыхджындæр кæныны тыххæй дыккаг хатт цы дзырдæй фæпайда кæнæм, уый разæй.

Æз зонын, уыцы цины хабар нæм чи æрбахаста, уый уыди мæ фыд, йе ’фсымæртæ цалдæрæй хæсты кæмæн уыдысты æмæ уæлахизы уац йæхицæн уæлдай æхсызгондæр кæмæн уыд, — мæ фыд, адæмы сæраппонд кæддæридæр йæ уд чи хъардта.

Сæрдар бамбæрста, иууылдæр хъугдуцæгæй механизаторы онг, бригадиртæ дæр, къанторы кусджытæ дæр, кæркгæстæ дæр, хъахъхъæнджытæ дæр, уыдонæн се ’ппæтæн сæ бинонтæ дæр, — иууылдæр афæдзы кæрон кæй уыдзысты тынг разы, сæ афæдзы куыстмæ кæй райсдзысты фаг тыллæг.

 

65§. Тире æвæрæм (къæдзыджы фæстæ) уæлæмхæст хъуыдыйæдтæй сæйраг хъуыдыйады æхсæн, кæрæдзийæ сæ уæлдай тынгдæр рахицæн кæнын куы фæхъæуы, уæд.

Раст у, нæу, — мах ницы хъуыддаг ис.

Йæ фырты уынæг Хазби горæтмæ ацыди æви нæ, кæд æм нæма ацыди, уæд æм кæд цæудзæн, — уыдæттæн æз ницы зонын.

Хорз бон уа, æвзæр бон уа, — мæ куыстмæ мын райсом æнæ цæугæ нæй.

 

66§. Тире æвæрæм дыууæ дзырды æхсæн, уыцы дзырдтæ дæрддзæджы, афоны æмæ бæрцы райдайæн æмæ кæрон куы февдисынц:

Поезд Дзæуджыхъæу—Мæскуы. Конференци уыдзæнис 15—17 октябры. Лæппу мæй бакусы 2—4 мин сомы.

 

67§. Тире æвæрæм дыууæ кæнæ фылдæр дзырдты æхсæн, исты ахуырад, закъон кæнæ æхсæнадон организацийы ном куы февдисынц, уæд:

Марксизм — ленинизм.

Æхсæнад «Инди — Уæрæсе».

Джоулы — Ленцы закъон.

VIII. БИРÆСТЪÆЛФЫГ

68  §. Бирæстъæлфыг æвæрæм хъуыдыйады кæрон, нæ ныхас æххæстæй кæй нæ загътам, уый равдисыны тыххæй. Бирæстъæлфыджы разæй фарсты æмæ хъæры нысæнттæ (интонацимæ гæсгæ кæм фæхъæуынц, уым) нæ ахауынц:

Халон баргъæвст сындзыл...
Уад тымыгъ хæссы...
Сау айнæджы рындзыл
Нары хъæу хуыссы...

(Хетæгкаты Къ.)

Стонг æмæ фæлладыл тых хуыссæг кæм нæу...

(Хетæгкаты Къ.)

О мæ ныййарæг, уæд дын æз æрбамæлон, ма ку!..

Фæуром дæхи... Фенæм уал... Фесæфæд сау лæппу цардбæллон, — чи мæ цы айса — йæхи!..

(Хетæгкаты Къ.)

 

69§. Бирæстъæлфыг æвæрæм, нæ ныхас хицæн дзырдты фæстæ, суанг хицæн дзырдты дæр кæм фæкъуыхцытæ вæййы, уый равдисыны тыххæй:

Естъа. Фæцис... Тембо... Мæлын... Куы ссæуой не ’мбæлттæ... æрцу-иу уæд мæ ингæнмæ, æрцу... Ныхъхъæр-иу кæну æрцыдысты, зæгъгæ... Ныххой-иу мын мæ ингæн... Кæд, чи зоны... Мæлын... Хæрзбон...

(Гæдиаты Ц.)

Уый а... а... ардæм æ... æ... æрбацæуы.

 

70§. Бирæстъæлфыг æвæрæм цитатæты, цы дзырдтæ дзы фæуадзæм, уыдоны бæсты:

Цомахъ, йæ фыды сфæлдыстадон гуырæнты тыххæй фысгæйæ, амыдта: «... Гæдиаты Секъайы сфæлдыстадыл гуырдзиаг литературæйы тæваг фæзынди æппæтæй тынгдæр».

Ирыстоны зындгонд ахуыргонд Абайты Васо йæ чиныг «Ирон æвзаг æмæ фольклор»-ы зæгъы: «XVIII æнусы кæрон æмæ XIX æнусы райдианы чи ссыд Ирыстонмæ, суанг уыдон дæр бафиппайдтой, ирæттæ, кæд сын бирæ ис иумæйагæй сæ сыхаг кавказаг адæмтимæ... уæддæр цæхгæр хицæн кæнынц уыдонæй се ’взагæй».

Хетæгкаты Къостайы салдат, йæ мадмæ дзургæйæ, зæгъы: «Морæ фæсмынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ нал ысрухс кодтай...»

Фиппаинаг. Разæй æмæ фæсте дзырдтæ цы цитатæты фæцух кæнæм, уыдон хъуыдыйады хай куы свæййынц, уæд дзы бирæстъæлфыг не ’вæрæм:

Цомахъ амыдта, зæгъгæ, «Гæдиаты Секъайы сфæлдыстадыл гуырдзиаг литературæйы тæваг фæзынди æппæтæй тынгдæр».

Къостайы салдат загъта, «морæ фæсмынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ нал ысрухс кодтай, мæ мад», зæгъгæ.

IX. КЪÆЛÆТТÆ

71  §. Бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ, хъуыдыйадимæ синтаксисон æгъдауæй баст нæ уæвгæйæ, хъуыдымæ исты уæлæмхасæн фиппаинæгтæ куы фефтауынц, йе та йæ куы феххæст кæнынц, кæнæ хуыздæр куы фембарын кæнынц хъуыдыйад æмткæй райсгæйæ кæнæ уымæн йæ искæцы хай, уæд сæ æвæрын хъæуы, къæлæтты (бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ къæдзыгтæ æмæ тиретæй кæд фæхицæн кæнæм, уый тыххæй кæсут 38, 64§§).

Фыццаг æфсæрмы кодта (Дебола) Додеккамæ хæстæг бацæуын дæр, фæлæ йыл уайтагъд фæцахуыр æмæ, куыстæй чысыл февдæлон ис, зæгъгæ (ахæм рæстæг та-иу хæрз стæм хатт фæзындис), уæд уæндонæй ныхас кодта йемæ.

(Мамсыраты Д.)

Дæргъæвсы ком мын (цы йæ сусæг кæнон?) цыфæнды курортæй дæр зынаргъдæр æмæ адджындæр у.

(Токаты А.)

Автор æрæфтыдта æлдар Гарæваны кой. Гарæван — паддзахы хæлар, зæрæдты цæсты стыр лæг, æрхъуыдыджын (паддзахы мæлæтæй фервæзын кодта!), уæздан лæг (паддзахæй йæ хæрзиуæджы тыххæй лæвар нæ райста).

(Джусойты Н.)

 

72§. Бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ, синтаксисон æгъдауæй хъуыдыйадимæ баст уæвгæйæ, хъуыдыйадмæ хаст куы æрцæуынц, куыд исты уæлæмхасæн, фæрссаг фиппаинаг, афтæ, уæд сæ æвæрын хъæуы къæлæтты:

Кæд та Васил у, зæгъгæ, æрбамæсты чызг, фæлæ фæстæмæ, уынджы ’рдæм куы фæкаст, уæд йæ цæстытыл æууæндгæ дæр нæ бакодта: бæхыл (уымæй дæр Æрфæныл) сцæйуади Сослæнбег.

(Мамсыраты Д.)

Уыдон дæр (цыма йæ зыдтой, сæ ныййарджытæ сæм æнхъæлмæ кæй кæсынц, уый) хъæлдзæгæй тындзыдтой уыцы сахат иумæ — сæ хæдзармæ.

(Гæдиаты Ц.)

Мæнæ Тедо æмæ Симон, дыууæ зæронд, æдых (уæнгæй дæр, удæй дæр, зæрдæйæ дæр) адæймаджы.

(Джусойты Н.)

 

73§. Къæлæтты æвæрæм хицæн сæрмагонд хъуыдыйæдтæ, исты уæлæмхасæн, фæрссаг фиппаинаджы хуызы лæвæрд куы вæййынц, уæд:

Нана мын рагæй дзуры, æз æмæ ды нæ цард куыд баиу кæнæм, афтæ. (Кæд уыцы ныхасмæ æнхъæлмæ кастис Залхан, уæддæр йæ цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт.)

(Мамсыраты Д.)

Бирæгъ фæуадзыг, æрхаудис, фæлæ уайтагъд базмæлыд. Куы та сыста, зæгъгæ, йын йæ фæстаг къæхтæм фæлæбурдтон æмæ йæ уæлдæфы зилын байдыдтон. (Данел ма хъуыды кæны, уыцы хабар фыццаг хатт хъæумæ куы сыхъуыстис, уæд Алтеджы стыр хъæбатырыл банымадтой, æмæ йæм писмо куыд ныффыста, уый).

(Мамсыраты Д.)

 

74§. Къæлæтты æвæрæм, искæцы адæймаджы раныхасмæ хъусджыты ахаст цы дзырдтæ æвдисынц (ремаркæтæ), уыдон:

(Къухæмдзæгъд).

(Разыйы хъæлæстæ).

(Тыхджын къухæмдзæгъд. Иууылдæр фестынц).

 

75§. Къæлæтты æвæрæм, искæй ныхасы искæцы дзырдтæм нæ ахаст (разыдзинад, гуырысходзинад æ. а. д.) цы хъæры нысанæй кæнæ фарсты нысанæй февдисæм, уыдон:

Дохтыр загъта рынчынæн: «Дæс боны (?) фæстæ мæм æрбацæудзынæ».

Къоста афтæ загъта: «Зондамонæгмæ (!) хъус...»

 

76§. Къæлæтты æвæрæм, цитатæ кæцæй ист æрцæуы, уый цы дзырдтæ фæамонынц, уыдон цитатæйы хæд фæстæ:

Цæйут, æфсымæртау Раттæм нæ къухтæ Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!..

(Хетæгкаты Къоста. Балцы зарæг).

Зонд, куыст, æгъдау — уыдон Секъа намайы адæймаджы цæсгомгæнæг миниуджытыл.

(Журнал «Мах дуг», 1985 аз, 10-æм номыр, 80 ф.)

 

77§. Къæлæтты æвæрæм, драмон уацмысты цы ремаркæтæ вæййы, уыдон:

Н а н а (Черменæн). Тагъд цæугæ нæхимæ!.. (Адæм апырх вæййынц).

(Плиты Г.)

Ч е р м е н (иунæгæй). Цæй зын дæ, цæ, кæвдæсарды ном!

(Плиты Г.)

X. ДЫКЪÆДЗЫГТÆ

78  §. Дзыкъæдзыгты исæм цитатæтæ, комкоммæ ныхас ног абзацæй куы нæ райдайынц, уæд, æмæ искæмæй ист хицæн дзырдтæ:

Хетæгкаты Къоста фыста: «Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин, арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, — дунеты се ’ппæт мæхимæ æрхонин, радзурин уыдонæн зæрдæйы маст».

Æз æм хæстæг бацыдтæн, æфсæрмыгæнгæ йæ бафарстон: «Бахатыр кæн, Ирыстоны номдзыд поэт кæм цæры, уый нæ зоныс?».

(Малиты В.)

Автор сызмæста нывтæ: иуæй, Милусяйы кæсын кæны «стыр фæндагмæ», иннæмæй та, чиныгкæсæджы бадавта цавæрдæр цæхæрадонмæ (раздæр æппындæр йæ кой нæй уыцы цæхæрадонæн).

(Епхиты Т.)

Фæлæ: Хетæгкаты Къоста фыста:

Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,
Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, —
Дунеты се ’ппæт мæхимæ æрхонин,
Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.

 

Æз æм хæстæг бацыдтæн, æфсæрмыгæнгæ йæ бафарстон:
— Бахатыр кæн, Ирыстоны номдзыд поэт кæм цæры, уый нæ зоныс?

(Малиты В.)

 

79§. Дыкъæдзыгты æвæрæм бадзырдон сæрмагонд нæмттæ, ома газетты, журналты, чингуыты, литературон уацмысты, организациты æ. æнд. ах. нæмттæ:

Газет «Рæстдзинад».

Журнал «Мах дуг».

Боциты Бароны роман «Саст рæхыс».

Фиппаинæгтæ. Дыкъæдзыгты не ’вæрæм:

1. Дзырд «номыл» цы сæрмагонд нæмтты уа, уыдон: Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музей.

2. Бадзырдон чи нæу, организациты ахæм сæрмагонд нæмттæ (æххæстæй дæр æмæ цыбыргондæй дæр);

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, ЦИПУ, Иугонд Нациты Организаци, ИНО.

3. Чингуыты нæмттæ, уыдон библиографион текстты, сноскæты авторы мыггаджы фæстæ ист куы фæцæуынц, уæд:

Хетæгкаты Къ. Ирон фæндыр: Зæрдæйы сагъæстæ, зæрджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. Ир, 1984. — 176 ф.

Гæдиаты Цомахъ. Уацмыстæ. Орджоникидзе, 1959, 400 ф.

4. Телеграфон агентæдты нæмттæ:

Агентад Синьхуа, агентад Юнайтед Пресс.

5. Фосыл æвæрд нæмттæ:

Æрфæн, Мила, Барбос.

6. Арæх кæмæй пайда кæнынц, зайæгойты æмæ фосы мыггæгты ахæм «хæдзарон» нæмттæ:

симиренко фæткъуы, табырджан фыс.

Фæлæ: кæрдо «февраль», мæнæу «краснодаркæ 622».

 

80§. Дыкъæдзыгты исæм, хъус тынгдæр æрдарын кæнын нæ цы зæронд кæнæ бынтон ног дзырдтæм фæнда, йе та дæлгоммæ хъуыдыимæ кæмæй пайда кæнæм, сæ нысаниуæгмæ кæнæ се ’рхастмæ гæсгæ истæмæй æнахуыр чи уа, ахæм дзырдтæ:

Ахуыргæндтæ адæмæн æргом кæнынц дины «ахуырады» мæнгдзинад, Хуыцауы тыххæй, уды тыххæй, «мæрдты бæсты» царды тыххæй, «зындоны арты» æмæ «дзæнæты цæхæрадоны» тыххæй адæмы сауджынтæ цæмæй сайынц, уыдæттæ.

(Журнал «Мах дуг»)

Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры.

(Хетæгкаты Къ.)

Фæрсыс ма мæ: «чи дæ?», уæд иунæг — мæ ном!

(Хетæгкаты Къ.)

Дыккаг ус æрхаста... æркодта мæн дæр... Мæ «чындз» мæ нæ уарзта, — фыдсыл уыд кæмдæр!

(Хетæгкаты Къ.)

XI. ДЕФИС

81  §. Дефис фыссæм, иу уидаг фæлхат кæныны руаджы цы вазыгджын дзырдтæ арæзт вæййынц, уыдоны: фæндаг-фæндаг, бирæ-бирæ, кæддæр-уæддæр, тынг-тынг, къуыпп-къуыпп.

 

82§. Дефис фыссæм, дзырд фæлхатгæнгæйæ цы вазыгджын дзырдтæ арæзт вæййынц, уыдоны, дыккаг хай ивд цæуа, нæ цæуа, уæддæр: ракæ-бакæ, рацу-бацу, урс-урсид, цъæх-цъæхид, схиз-ныххиз, тасгæ-уасгæ, хъæуи-хъæу, фæд-фæдыл.

 

83§. Дефис фыссæм нæлгоймагæн йæ мыггаджы ном æмæ дзырд фырт-ы æхсæн.

Абайы-фырт, Балайы-фырт, Касайы-фырт, Гиойы-фырт, Атайы-фырт, Карсаны-фырт, Хъуылайы-фырт.

 

84§. Дефис фыссæм фарстон-бæттæн номивджытæ æмæ фæрсдзырдты æхсæн, уыдон куы февдисынц исты ныхмæвæрддзинад кæй ныхмæ фæцæуы, ахæм æбæрæг предметтæ кæнæ уавæртæ:

Чи-чи, фæлæ уый афтæ никуы бакæндзæн. Кæмæй-кæмæй, фæлæ дæуæй уый æнхъæл никуы уыдтæн. Кæм-кæм, фæлæ хæхты цъититæй фылдæр цы ис?

 

85§. Дефис фыссæм бирæхаттон хайыг -иу æмæ фæдзæхст лæмæгъдæргæнæг хайыг ма-йы размæ: рацу-иу, æрбакасти мæм-иу, зæгъ-ма мын, фæдзурут-ма йæм.

 

86§. Дефис фыссæм вазыгджын æвастхъæрты аразæг хæйтты æхсæн: гъай-дæ-гъа, гъери-гъа, оххай-гъе, гъæй-джиди, гъе-мардзæ.

 

87§. Дефис фыссæм дыкъæдзыгты ист сæрмагонд нæмтты кæрæтты размæ: газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг, завод «Электроцинк»-ы (фæлæ завод «Электроцинчы»), журнал «Мах дуг»-ы (фæлæ журнал «Мах дуджы»).

 

88§. Дефис фыссæм, æмхасæн бæрæггæнинаг дзырды разæй куы фæлæууы, уæд уыдоны æхсæн: Мæскуы-дон, Волгæ-дон, сайнаг-æлдар, инженер-конструктор.

 

89§. Дефис фыссæм æмсæр дыгай сæрмагонд нæмттæй арæзт номдарты: Цæгат Ирыстон-Алани, Абайты-Цхуырбаты Ксения, Нъю-Йорк, Орехово-Зуево.

XII. ÆРХÆЦÆН НЫСÆНТТÆ КОМКОММÆ НЫХАСЫ ÆМÆ ЦИТАТÆТЫ

90  §. Комкоммæ ныхас ног абзацæй куы райдайы, уæд ын йæ разæй æвæрæм тире:

Ахуыргæнæг загъта скъоладзаутæн:
— Царды стырдæр нысан у адæмæн лæггад кæнын.

 

91§. Комкоммæ ныхас ног абзацæй куы нæ райдайы, афтæмæй авторы дзырдты фæстæ куы вæййы, уæд авторы дзырдты фæстæ æвæрæм дыстъæлф, комкоммæ ныхас дыууæрдыгæй дæр исæм дыкъæдзыгты, йæ фæстæ та йын æвæрæм, цавæр хъуыдыйад уа, уымæ гæсгæ стъæлф кæнæ фарсты нысан, йе та хъæры нысан:

Ахуыргæнæг загъта скъоладзаутæн: «Царды стырдæр нысан у адæмæн лæггад кæнын».

Халон халонмæ тæхы, халон халонæн зæгъы: «Халон! Цæй-ма ныр цы хæрæм?»

(Хетæгкаты Къ.)

Æвиппайды дуарæй æрбайхъуыст кæйдæр хъæр: «Цъиусуртæ! Сырх ракетæ! Алчи йæ машинæмæ!»

(Баситы М.)

 

92§. Комкоммæ ныхас авторы дзырдты разæй куы вæййы, уæд æй дыууæрдыгæй дæр исæм дыкъæдзыгты, йæ фæстæ та йын æвæрæм, цавæр хъуыдыйад уа, уымæ гæсгæ фарсты кæнæ хъæры нысан, бирæстъæлфыг йе къæдзыг (стъæлфы бæсты), стæй тире:

«Цы кодтай, чи дæ бафхæрдта?» — фæрсы йæ Сатана.

(Нарты кадджытæ)

«Ды, Хъауырбег, партизаны ном фегад кодтай, æмæ дын абонæй фæстæмæ нæ рæнхъыты бынат нал ис! — карзæй загъта Мурат.

(Санаты У.)

«Æз суг æрбадавдзынæн, ды та...» — загъта лæппу, йæхæдæг йе ’мбалæн пецмæ ацамыдта. «Кусæг хъæудзæн мит мæрзынæн», — загъта Бесо иу хатт æмæ араст ис æфцæгмæ, куыстагур.

(Гæдиаты Ц.)

 

93§. Авторы ныхæстæ комкоммæ ныхасы астæу куы уой, уæд комкоммæ ныхас æгасæй дæр исæм дыкъæдзыгты;

авторы дзырдты размæ æмæ фæстæ та, уыдон кæд хуымæтæг кæнæ вазыгджын хъуыдыйады астæу уой, уæд æвæрæм къæдзыг æмæ тире, кæд сæрмагонд хъуыдыйæдты астæу уой, уæд та сæ размæ æвæрæм, фыццаг хъуыдыйад цавæр уа, уымæ гæсгæ фарсты кæнæ хъæры нысан, йе та бирæстъæлфыг кæнæ къæдзыг, сæ фæстæ та — стъæлф æмæ тире:

«Ма кæут, мæ хуртæ, — дзуры сæм сæ мад, — афыцой хъæдуртæ, абадут æнцад».

(Хетæгкаты Къ.)

«Доны был чи цæры, — зæгъы адæмон æмбисонд, — йæ ивылын дæр ын уый зоны».

«Азизы нæ федтай? — базмæлыдысты зæронд усы хус былтæ. — Хæстмæ куы ацыд, уæдæй нырмæ дзы ницы хабар ис...»

(Чеджемты Г)

«Бакæнут æй ахæстоны, ацы ’ррайы! — ныхъхъæр кодта Мато. — Стæй йын фенын кæндзыстæм, мах дуджы хицауимæ тох кæнын, дæ фыртимæ кусджыты змæнтын æмæ фабрикæ бауромын цы давы, уый».

(Боциты Б.)

«Хæрзæхсæв, хæрзæхсæв, уал у, — сдзырдта быдырон дидинæг. — Мæ амонд мæнæн мæ дзыллæйы амондимæ æмхæст у, мæ хæлар».

(Гæдиаты Ц.)

 

94§. Авторы дзырдтæ комкоммæ ныхасы астæу куы вæййынц æмæ дзы, комкоммæ ныхасы фæстаг хаймæ ахæсгæ чи уа, ахæм мивдисæг куы вæййы, уæд авторы дзырдты фæстæ æвæрæм дыстъæлф:

«Æгас цæут, хорз адæм, — загъта колхозы сæрдар æмæ, адæмыл йæ цæст ахæсгæйæ, бафарста: — Цæмæн уæм фæдзырдтон, уый зонут?»

Фиппаинæгтæ.

1. Комкоммæ ныхасимæ ма дыккаг комкоммæ ныхас куы æмбæла, уæд уый дæр хицæнæй исæм дыкъæдзыгты:

«Азизы нæ федтай? — йæ цæстытæ доны разылдта æнамонд мад. — Хæстмæ куы цыд, уæд мын афтæ дзырдта: „Нана, ма тыхс, ардæм мæ хъæуы уæлахизæй“».

(Чеджемты Г.)

2. Комкоммæ ныхасы æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрыны тыххæй ацы параграфты цы æгъдæуттæ амынд æрцыд, уыдон æмхуызон ахæсгæ сты цитатæтæм дæр.

 

95§. Дыууæ адæймаджы ныхæстæ æнæ авторы дзырдтæй фыст куы цæуой уыцы иу рæнхъыл, уæд алы ныхас дæр исæм хицæнæй дыкъæдзыгты, се ’хсæн та сын æвæрæм тире:

«Æгас цæуай, цъæх бирæгъ!» — «Хорз цæрай, зыгъарæг!» — «Дысон-бонмæ кæм уыдтæ?» — «Дæу агурæг фæзылдтæн». — «Æмæ мæнæй та цы кæныс?» — «Ныртæккæ дæ хæрдзынæн». — «О, бын бауай, цъæх бирæгъ! Дæ фыды хæрд нæ зоныс?» — «Æрбайсæфай, зыгъарæг. Мæ фыд та-иу куыд хордта?» — «Уый-иу зыгъарæг куы ссардта, иу æхстæн-иу уæлвæндаг, иннæ æхст та — дæлвæндаг, афтæмæй-иу куы срæгъæд, хордта-иу æй адджынæн».

(Зыгъуытаты Б.)

XIII. ÆРХÆЦÆН НЫСÆНТТЫ СÆМБÆЛД КÆРÆДЗИИМÆ

96  §. Фарсты æмæ хъæры нысæнттæ, бирæстъæлфыг, стъæлф æмæ къæдзыг тиреимæ куы сæмбæлынц, уæд сын тире æвæрæм сæ фæстæ:

«Хорз лæг, фæлæуу-ма!.. Æз дæуæй зæгъын, дæуæй!..» — æвиппайды фехъуыст мæ фæстæ кæйдæр тызмæг, нæргæ хъæлæс.

(Баситы М.)

«Ауылты цæуæн нæй, уый нæ зоныс?» — мæстыхуызæй загъта уырыссагау лæг.

(Баситы М.)

«Уый æз нæ зыдтон, — загъта Барис æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Æмбал æмбалимæ хъуамæ æнгомдæрæй цæра».

Фиппаинаг. Тирейы хæд фæстæ пунктуацион æгъдæуттæм гæсгæ къæдзыг æвæрын кæм хъæуа (зæгъæм, бавæргæ дзырдты размæ), уым дæр æй не ’вæрæм:

Адæм, фос, сырдтæ — иу дзырдæй, æрдз иууылдæр райхъал ис тар æхсæвы фæстæ.

 

97§. Стъæлф, къæдзыг, стъæлф къæдзыгимæ, дыстъæлф, тире куы сæмбæлынц, æхгæнгæ цы дыкъæдзыгтæй фæкæнæм, уыдонимæ, уæд сæ фыссæм дыкъæдзыгты фæстæ:

Французаг ахуыргонд Дени Дидро афтæ загъта: «Тæккæ амондджындæр адæймаг уый у, фылдæр адæмæн амонд чи дæтты».

«Фыдæлты намысы бæсты не ’хсæн хъуамæ ныффидар кæнæм ног рæстдзинад», — загъта иу хатт Хæмæт, æмæ ацы ныхæстæ Дæхцийы зæрдæмæ тынг фæцыдысты.

(Гæдиаты Ц.)

Ме ’мбал хистæр къласы ахуыр кодта æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæнæй аивдæр бакаст Къостайы «Додой»; уый хуыздæр бакаст прозæ дæр.

Киномæкæсджыты зæрдæмæ тынг фæцыди кинофильм «Фатимæ»: бирæтæ йæм дыгай-æртыгай хæттытæ бакастысты.

 

98§. Фарсты нысан, хъæры нысан æмæ бирæстъæлфыг, кæд дыкъæдзыгты æвæрд дзырдтæм ахæсгæ уой, уæд сæ æвæрæм дыкъæдзыгты разæй, кæд æнæхъæн хъуыдыйадмæ ахæсгæ уой, уæд та сæ æвæрæм дыкъæдзыгты фæстæ:

Къоста ныффыста автобиографион æмдзæвгæ «Чи дæ?»

Ды загътай: «Маст ын скæн!»

(Коцойты А.)

Лæппу дзуры: «Зæрватыччытæ æгæр ныллæджыты тæхынц, цыма уардзæни...»

Фæлæ: Федтай спектакль «Чермен»?

Бæрзонддæр сисæм, æмбæлттæ, «Интернационал»!

Залы нæрыдысты Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ æмдзæвгæтæ: «Салдат», «Додой», «Æнæ хай»...

 

99§. Хъуыдыйады кæрон дыкъæдзыгты размæ куы лæууой фарсты кæнæ хъæры нысан, йе бирæстъæлфыг, уæд ахæм æрхæцæн нысæнттæ дыкъæдзыгты фæстæ нал æвæрæм (æндæр нысæнттæ дзы ис æвæрæн):

Чи ныффыста æмдзæвгæ «Лæг æви ус?»

Командæгæнæг бардзырд радта: «Размæ!»

Фæлæ:

Къоста ныффыста æмдзæвгæ «Лæг æви ус?».

Чи радта бардзырд: «Размæ!»?

 

100§. Комкоммæ ныхасы кæнæ цитатæты иу дыкъæдзыгты мидæг дыккаг дыкъæдзыгтæ куы æмбæлой, уæд сæ бæрæг кæнæм фæйнæ хуызы дыкъæдзыгтæй (« „ “ »):

Лектор загъта: «Марксы наукон фæллæйттæн се ’ппæты гениалондæр у „Капитал“».

 

101§. Фыццаг къæлæты разæй дæр æмæ дыккаг къæлæты разæй дæр не ’вæрæм къæдзыг, стъæлф къæдзыгимæ, дыстъæлф æмæ тире. Ацы æрхæцæн нысæнттæ æвæрæм фæстаг къæлæты фæстæ:

Нæ ахуыргæндтæй бирæтæм уыцы хъуыды раст нæ кæсы (чи сты уыцы ахуыргæндтæ, уый Хæмæт йæхæдæг дæр нæ зыдта), фæлæ сын æз бамбарын кæндзынæн, раст кæй у, уый.

(Мамсыраты Д.)

Æз ме ’мбалæн афтæ загътон (уый уыди дыууæ азы размæ): «Адæймаг рæстдзинадæй уæлдæр хъуамæ мацы æвæра».

 

102§. Стъæлф, фарсты нысан, хъæры нысан æмæ бирæстъæлфыг, кæд къæлæтты ист дзырдтæм ахæсгæ уой, уæд æвæрæм фæстаг къæлæты размæ, кæд æппæт хъуыдыйадмæ ахæсгæ уой, уæд та — фæстаг къæлæтæн йæ фæстæ:

Куырттаты бал раздæхт фæстæмæ... (Паддзах нын хæрзиуæгæн радта цыдæртæ, стæй нæ бæттæнмæ æртардта.)

(Нигер)

Иу бон хъæуы фæсивæд (ды семæ нæ уыдтæ?)

1-æм Майы бæрæгбоны æрæмбырд сты скъолайы кæрты.

Хæхтæ (æнахуыр диссаг!) уыцы бон уарыны фæстæ афтæ ирд æмæ рæсугъд уыдысты, æмæ цæст сæ уындæй нал æфсæст.

Адæм (нæлгоймагæй, стырæй, чысылæй...) рацыдысты быдыры куыстмæ.

Фæлæ:

Туристтæ схæццæ сты сæ базæмæ («Дзинагъа»-мæ).

Дæ ныййарджыты зæрдæхудт истæмæй исыс (мæ фарст дæм хъыг ма фæкæсæд)?

 

103§. Цитатæйы хæд фæстæ къæлæтты амынд куы фæцæуы, цитатæ кæцы авторæй æмæ цавæр уацмысæй ист æрцыдис, уый, уæд къæлæтты размæ æвæрæм фарсты нысан, хъæры нысан, бирæстъæлфыг (стъæлф не ’вæрæм; стъæлф дзы кæд æвæрæм, уый тыххæй кæсут 95§, фиппаинаг), къæлæтты фæстæ та — стъæлф:

Дунетæй хуыздæр куы фестай,
Гъе уæддæр дæхи уд ма стау!

(Хетæгкаты Къоста. Булкъ æмæ мыд).

Цъæлтæй, стæгсæстытæй ссардтой Бесойы дæр иу ран хохы дыдагъы...

(Гæдиаты Цомахъ. Царды уæз).

 

104§. Искæй раныхасы фæстæ къæлæтты амынд куы фæцæуы хъусджыты ахаст дзурæджы ныхæстæм (ремаркæ), уæд къæлæтты размæ æвæрæм, хъуыдыйады кæрон цы æрхæцæн нысан æмбæла, уымæ гæсгæ фарсты нысан, хъæры нысан, бирæстъæлфыг (стъæлф не ’вæрæм), къæлæтты фæстæ та æвæрæм стъæлф:

Ууыл мын бар раттут мæ ныхас фæуынæн (Къухæмдзæгъд).

Раст нæ зæгъын, æмбæлттæ? (Залæй хъуысынц разыйы хъæлæстæ).

Æгас цæуæд 9-æм Май! (Тыхджын къухæмдзæгъд).

Фиппаинаг. Ремаркæтæ æмæ сноскæтæн сæхи хæд фæстæ дæр къæлæтты мидæг ис æвæрæн стъæлф, æрмæст уæд къæлæтты размæ таурæгъон хъуыдыйады кæрон дæр æвæрæм стъæлф:

Нæ райсомы цард уыдзæни ноджы фæрныгдæр. (Къухæмдзæгъд.)

Ма худ аууонмæ æвзæрыл, Хорзы-иу йæ цуры бафау. (Хетæгкаты Къоста. Булкъ æмæ мыд.)

 

105§. Иу къæлæтты мидæг дыккаг къæлæттæ куы сæмбæлой, уæд сæ бæрæг кæнæм фæйнæ хуызы къæлæттæй (тымбыл æмæ квадратон):

Къоста йе ’мдзæвгæты сидтис сæрибары сæрыл тохмæ [«Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, — гъе-мардзæ, исчи! — бынтон сæфт кæнæм...» («Додой»)].


Дата добавления: 2020-11-29; просмотров: 509; Мы поможем в написании вашей работы!

Поделиться с друзьями:






Мы поможем в написании ваших работ!