III. МИВДИСДЖЫТЫ РАСТФЫССЫНАД



РАЗНЫХАС

Фыццаг ирон чиныг мыхуыры рацыд 1798 азы, æмæ уæдæй нырмæ ирон фыссынады æгъдæуттæ ивынц æвзагзонынады домæнтæм гæсгæ.

Раздæр иронау дзырдтæ фыстой, куыд хъуыстысты, афтæ, æрхæцæн нысæнттæ та æвæрдтой уырыссаг пунктуацимæ гæсгæ. Ирон æвзаджы орфографион æмæ пунктуацион æгъдæуттæ кæй нæма уыд, уымæ гæсгæ уыцы мадзæлттæй пайда кодтой суанг XX æнусы 20-æм азты онг.

Ирон культурæйы зындгонд архайджытæ Андрей Шегрен, Всеволод Миллер, Хетæгкаты Къоста æмæ иннæты фæрцы хицæн дзырдты растфыссынад кæд бæстондæр кодта, уæддæр дзы иудзинад нæма уыд. «Нæй нæм нырма нывыл бæрæггонд орфографи, кæй куыд фæнды, афтæ фыссы, æмæ алчидæр йæхи фыст растдæр хоны», — тыхсти, журнал «Æфсир»-ы фыццаг номыр уадзгæйæ (1910 аз), йæ редактор Коцойты Арсен. Фæстæдæр журналтæ «Хуры тын» (1912 аз) æмæ «Чырыстон цард»-ы (1915–1916 азтæ) фæзындысты Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ Тыбылаты Саввæйы (Микъалайы) сæрмагонд амындтытæ хицæн дзырдты растфыссынады тыххæй.

Ирон орфографи æмæ пунктуаци зонадон æгъдауæй иртасын райдыдтой æрмæст Октябры революцийы фæстæ.

1933 азы сæрмагонд къамис бацæттæ кодта растфыссынады æгъдæутты проект. Æвзаджы дæснытæ йæм бахастой ивддзинæдтæ, æмæ афтæмæй 1937 азы фидаргонд æрцыд. 1938–1943 азты ахуыргæндтæ дзæвгар фæбæлвырддæр кодтой ирон орфографи, фæлæ ма дзы уæддæр хъуагдзинæдтæ бирæ уыд. Уый хынцгæйæ 1951 азы арæзт æрцыд орфографион ног къамис. Уый цы растфыссынады æгъдæуттæ сарæзта, уыдон фидаргонд æрцыдысты, æмæ сын сæ бындурыл Хъуылаты Гала бацæттæ кодта орфографион дзырдуат. Æгъдæуттæ æмæ дзырдуат хицæн чиныгæй рацыдысты 1956 азы. Фæлæ растфыссынады æгъдæутты æмæ дзырдуаты хъæндзинæдтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ хаст æрцыд уынаффæ орфографион ног къамис саразыны тыххæй.

1960 азы арæзт орфографион ног къамисы размæ æвæрд æрцыд бæрнон хæс — растфыссынады æгъдæуттæ фæхуыздæр кæнын. Уый 1982 азмæ бацæттæ кодта орфографийы æгъдæутты ног проект. Проект ныхасмæ рахастой газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Советон Ирыстон». Æрныхас ыл кодтой канд ахуыргæндтæ нæ, фæлæ, ирон æвзаджы хъысмæтыл йæ зæрдæ кæмæн рыст, уыдонæй бирæтæ. Дзæвгар ивддзинæдтæ йæм хаст æрцыд, афтæмæй йæ 1985 азы Цæгат Ирыстоны Министрты Совет сфидар кодта.

Орфографийы ног æгъдæуттæм гæсгæ дзырдтæ фыццагау арæхдæр фыст цыдысты фонетикон принципмæ гæсгæ (æфсымæр, коммæгæс, галвæндаг), иннæтæ морфологон (фыдджын, лæгтæ) æмæ традицион (бадтæн, дзырдтон) принциптæм гæсгæ.

Ног æгъдæуттæ уыдысты æххæстдæр (сæ нымæц 82-йæ схызт 119-ы онг), бирæ дзырдты растфыссынад фæхуымæтæгдæр.

2002-æм азы Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты сарæзтой сæрмагонд къорд æмæ йын баргонд æрцыд ирон æвзаджы растфыссынады æгъдæуттæ фæбæлвырддæр æмæ фенцондæр кæнын. Ацы къорды уæнгтæ (Гуыриаты Тамерлан — сæргълæууæг, Боцуаты Евген — секретарь, Тахъазты Харум, Гæбæраты Никъала, Дзодзыккаты Зæидæ, Куыдзойты Анжелæ æмæ Майрæмыхъуаты Фатимæ) бацæттæ кодтой ирон орфографийы æгъдæутты ног редакци.

Ирон пунктуацийы æгъдæуттæ фыццагдæр мыхуыргонд æрцыдысты 1931 азы журнал «Фидиуæджы». Сарæзта сæ Тыбылты Алыксандр. 1934 азы та уагъд æрцыдысты скъолатæн арæзт ахуыргæнæн чиныджы. Пунктуацийы æгъдæутты ног проект хицæн чиныгæй рацыд 1936 азы, фæлæ фидаргонд не ’рцыд. 1957 азы Багаты Никъала ныммыхуыр кодта ирон æвзаджы пунктуацийы æгъдæуттæ, фæлæ та уыдон дæр рацыдысты æнæбафидаргæнгæйæ.

Ацы чиныджы мыхуыргонд ирон æвзаджы пунктуацийы æгъдæуттæ сарæзта Тахъазты Харум. Сфидар сæ кодтой ЦИЗИ-йы ахуыргæндты Совет æмæ ЦИПУ-йы ирон филологи æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæ. Арæзт сты, 50-æм азты ирон æвзагæн (1957) æмæ уырыссаг æвзагæн (1956) мыхуыры цы пунктуацион æгъдæуттæ рацыд, уыдоны бындурыл.

Пунктуацийы ног æгъдæуттæ домынц, ирон æмæ уырыссаг хъуыдыйæдты синтаксисон арæзт æмхуызон кæм у (вазыгджын хъуыдыйæдтæ, комкоммæ ныхас æ. а. д.), уым уырыссагимæ иухуызон æрхæцæн нысæнттæ æвæрын (уый зонадон æгъдауæй у раст, практикон æгъдауæй та æххуыс кæндзæн дыууæ ’взаджы пунктуаци хуыздæр базонынæн). Ирон хъуыдыйæдты арæзты æндæрхуызонæй цы ис (миногмитæ семæ баст дзырдтимæ, абарстыты хицæн хуызтæ, бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ сæ разæй æвæрд энклитикон номивджытæ æмæ хайыгтимæ æ. а. д.), уыдонæн та лæвæрд цæуынц сæхимæ гæсгæ æндæрхуызон пунктуацион æгъдæуттæ. Ног растфыссынад фыццагæй у æххæстдæр æмæ дзы у æнцондæр пайдагæнæн.

Орфографи æмæ пунктуацийы тыххæй фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ æрвитæн ис Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институтмæ (Дзæуджыхъæу, Сабырдзинады проспект, 10).

ИРОН АЛФАВИТ

 

Аа Ææ Бб Вв Гг Гъгъ Дд
Дждж Дздз Ее Ёё Жж Зз Ии
Йй Кк Къкъ Лл Мм Нн Оо
Пп Пъпъ Рр Сс Тт Тътъ Уу
Фф Хх Хъхъ Цц Цъцъ Чч Чъчъ
Шш Щщ Ьь Ыы Ъъ Ээ Юю Яя

I ХАЙ. ОРФОГРАФИ

I. ХЪÆЛÆСОНТЫ ÆМÆ ÆМХЪÆЛÆСОНТЫ РАСТФЫССЫНАД

1 §. Дзырдты райдайæны хъæлæсон у арæх фæхъуысы уы-йы хуызæн. Ахæм дзырдты растфыссынады тыххæй зæрдыл дарын хъæуы:

1. У дзырдты райдайæны фыссын хъæуы, æдзухдæр ыл цавд цы дзырдты фæхауы, уыдоны, стæй уыдонæй арæзт дзырдты: уд (уды), удайын, удæвдз, удæсын, узæлын, узын, улæфын, улупа, уромын, урс (урсы), ус (усы), утæппæт, у, ут.

2. Уы райдайæны фыссын хъæуы, уæлдæр ранымад дзырдтæй фæстæмæ, ахæмты: уыгæрдæн, уызын, уылæн, уынаффæ, уынг, уырдыг, уый (фæлæ: ууыл), уыдон, уыцы, уынын, уырнын, уыдтæн, уыдзыстæм, уыдаин æ. æнд.

 

2§. Хъæлæсон е дзырды райдайæны хъуысы йе-йы хуызæн, фæлæ дзы фыссын хъæуы е: егар, ефс, ехс, ердо, егъау, емылыкк.

Фиппаинаг. Йе фыссын хъæуы æрмæст бæттæг йе-йы, номивджытæ йе, йемæ, йед æмæ фæсæвæрд йеддæмæ-йы.

 

3§. Дзырд хъæлæсон о-йæ куы райдайы, уæд йæ разæй фæхъуысы у, фæлæ йæ фыссын нæ хъæуы: обау, ома, онг, омын æ. æнд.

 

4§. Уæ дзырды райдайæны (хатгай йæ астæу дæр) ныхасы мидæг æлвæст æрцæуы æмæ ратты о, фæлæ йæ фыссын хъæуы уæ: уæрдон, уæрыкк, уæнг, дуæрттæ, нуæрттæ, нуæзт (нозт дæр), нуæрст (норст дæр) æ. æнд.

 

5§. Æмхъæлæсонтæ г, гъ, к, къ, х, хъ-йы фæстæ уы-йы бæсты ранæй-рæтты фæдзурынц ы, фæлæ фыссын хъæуы уы: хуыр, куыдз, куырой, фæткъуы, гуыр, хъуызын æ. æнд.

Фиппаинаг. Ис ахæм дзырдтæ дæр, ацы æмхъæлæсонты фæстæ ы фыссын кæм хъæуы: хыссæ, хынджылæг, хызын, гыцци, къыбар-къыбур, хырх, дзагъыр æ. æнд.

 

6§. Æуæ дзырды астæу арæх æлвæст æрцæуы æмæ ратты о: нæуæг — ног, цæуæт — цот, рæуæг — рог, рæуæд — род. Номдартæ æмæ миногонтæн фыссæн ис дыууæ хуызы дæр, фæлæ фыццаг бынат дæттын хъæуы æлвæст хуызæн: ног — нæуæг, рог — рæуæг, цот — цæуæт, род — рæуæд. Мивдисджыты æмæ фæрсдзырдты фыссын хъæуы æуæ: фæуæд, цæуæд, дæлæуæз.

Фæлæ: цæуæм — цом, цомут.

 

7§. 1. Номивджытæ мæ, дæ, йæ, нæ, уæ, сæ æмæ æппæрццæг хайыг нæ-йы фæстæ дзырд æ-йæ куы райдайы, уæд дыууæ æ-йы æлвæст æрцæуынц æмæ раттынц е. Уыцы е фыссын хъæуы фыццаг дзырды (ме, де, йе, не, уе, се), дыккаг дзырды райдайæны та æвæрын хъæуы апостроф: ме ’мбал, де ’фсымæр, йе ’мгар, се ’ппæт, не ’хсæн, не ’мбæхсы, уе ’гас.

Фиппаинаг. Номивджытæ мæ, дæ, йæ, нæ, уæ, сæ æмæ æппæрццæг хайыг нæ-йы фæстæ дзырд хъæлæсонæй куы нæ райдайы, афтæмæй ме, де, йе, не, уе, се-мæ куы раивынц, уæд дыккаг дзырды райдайæны апостроф æвæрын нæ хъæуы: ме уæнгтæ, де рагъ, йе скъола, не змис, уе ссад, не сфæрæзтам.

2. Номивджытæ мæ, дæ, йæ, нæ, уæ, сæ, æппæрццæг хайыг нæ-йы фæстæ дзырдтæ хъæлæсон а-йæ куы райдайынц, уæд хатгай дзургæйæ номивджытæй æмæ æппæрццæгæй хъæлæсон æ ахауы, фæлæ йæ хъæуы фыссын. Поэтикон уацмысты фыссæн ис дыууæ хуызы дæр: мæ амонд — м’ амонд, нæ адæм — н’ адæм, йæ авналæнтæ — й’ авналæнтæ.

3. Дзырдбасты фыццаг дзырд хъæлæсоныл куы фæвæййы, дыккаг та æ-йæ куы райдайы, уæд дыккаг дзырды райдайæнæй дзургæ-дзурын арæх ахауы æ, фæлæ йæ фыссæн ис дыууæ хуызы: æххæстæй (дыууæ æмбалы, уыцы æмгар) æмæ апострофæй нысангæнгæйæ (дыууæ ’мбалы, уыцы ’мгар).

4. Фыццаг дзырд хъæлæсоныл куы фæвæййы, дыккаг дзырд та разæвæрд æнæ кæнæ разæфтуан æнæ- (æ-)-йæ куы райдайы, уæд дыккаг дзырды райдайæнæй хъæлæсон æ нæ ахауы æмæ йæ хъæуы фыссын: Скъоладзаутæ æнæзивæгæй цæуынц скъоламæ. Ды æнæ мæн ма ацу.

5. Æрхæцæн нысанæй хицæнгонд дзырды хъæлæсонтæ кæрæдзиуыл куы æмбæлой, уæд сæ фыссын хъæуы æххæстæй, ома хъæлæсон мыр нæ цух кæнгæйæ: Мæ къухтæ дæм нæма бахæццæ сты, æндæр мын уыцы стыр хæрзиуæгæй нæ аирвæздзынæ (Мамсыраты Д.).

 

8 §. 1. Дзырды райдайæны æмхъæлæсон мырты къорды æмæ дывæргонд æмхъæлæсонты разæй фыссын хъæуы хъæлæсон æ: æхсыр, æфсад, æвзаг, æййафын, æууæндын, æхсар.

2. Дзырды райдайæны з кæнæ с-йæ цы æмхъæлæсонты къордтæ райдайынц, уыдоны, стæй дывæргонд с-йы разæй фæхъуысы хъæлæсон ы кæнæ æ, фæлæ йæ фыссын нæ хъæуы: згæ, змис, знон, здæхын, змæлын, скъæт, стæг, счъил, ссад, ссæдз.

Фиппаинаг. Поэтикон уацмысы ритмы тыххæй уыцы дзырдты райдайæны хъæлæсон куы бахъæуа, уæд дзы фыссæн ис ы; кæнæ æ дæр: ызгæ, ызмис, ыскъæт, ыстур, æссын, ыссад, æссарын, ыссæдз.

 

9§. Хуымæтæг дзырдты æмхъæлæсонтæ куы фембæлынц, уæд дзургæйæ фæстаг æмхъæлæсон раззаджы арæх скæны зылангон кæнæ æзылангон (æнæххæст ассимиляци) кæнæ та бынтондæр йæхи хуызæн (æххæст ассимиляци). Ахæм дзырдты æмхъæлæсонты растфыссынад сбæрæг кæнæн ис, дзырды формæ аивгæйæ æмæ дызæрдыггаг æмхъæлæсоны фæстæ хъæлæсон сæвæргæйæ: хæцдзæн — хæцын, хъазт — хъазын, æмбæрзта — æмбæрзын, мæнмæ — мæнæй.

 

10 §. 1. Æмхъæлæсонтæ дæргъвæтинæй куы фæхъуысынц, уæд сæ фыссын хъæуы дывæргондæй: æввонг, æгъгъæд, фæззæг, бæззын, хуыссын, къаннæг, тыххæй, æххæст.

2. Æвиппайдон æмхъæлæсонтæ б, п, г, к, д, т, дж, дз, ч, ц дзырды дæргъвæтинæй куы фембæлынц, уæд дзургæ-дзурын бæрæг нæ вæййы, зылангон æмхъæлæсон, дывæр кæны æви æзылангон. Уымæ гæсгæ зæрдыл дарын хъæуы:

а) кæд дзырдæн йæ арæзтмæ гæсгæ сбæрæг кæнæн уа, цавæр æмхъæлæсон дывæр кæны, уый, уæд дывæрæй фыссын хъæуы уыцы æмхъæлæсон: ныббар (ны+бар, барын-æй), лæггаг (лæг+аг), курæггаг (курæг+аг), æфсæддон (æфсад+он), хъæддаг (хъæд+аг), куырæттаг (куырæт+аг), бæллиццаг (бæллиц+аг);

æ) кæд дзырдæн йæ арæзтмæ гæсгæ сбæрæг кæнæн нæ уа, зылангон æви æзылангон æмхъæлæсон дывæр кæны, уый, уæд дывæрæй фыссын хъæуы æзылангон æмхъæлæсон (кк, пп, тт, цц, чч): аккаг, астæуккаг, æппарын, лæппу, цæттæ, дæттын, хæццæ, гыццыл, фыццаг, тыччы.

3. Дзырды кæрон дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ хатгай зын раиртасæн вæййынц хуымæтæг æмхъæлæсонтæй. Дзырды кæройнаг æмхъæлæсон дывæрæй фыссын хъæуы, йæ фæстæ хъæлæсон сæвæргæйæ (зæгъæм, хауæны кæрон) дæргъвæтинæй куы хъуыса, уæд: зæхх — зæххы, зæххимæ, фæлæ: зæхмæ; цæхх — цæххимæ, фæлæ: цæхмæ, гæххæтт — гæххæттыл, фæлæ: гæххæтмæ.

 

11§. Хуымæтæг дзырдты уидæгты æмхъæлæсонтæ с, ф æмæ х-йы фæстæ (кæнæ сæ разæй) арæх бæлвырд нæ фæхъуысы, зылангон æмхъæлæсон дзы ис æви æзылангон. Ахæм дзырдты с, ф, х-имæ фыссын хъæуы æзылангон æмхъæлæсонтæ: стæг, æхтонг, æфцæг, æфтауц, уæхск, æфстау, кæстæр, хистæр, æфсургъ, æргъæфст.

Фæлæ: ахсджиаг, рæхджы, цæсгом, сгуы, сгарын, сгуыхын, æхгæнын, цæхгæр, сгæллад, сысджы.

II. НОМДАРТЫ, МИНОГОНТЫ, НЫМÆЦОНТЫ, НОМИВДЖЫТЫ ÆМÆ ФÆРСДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД

12  §. Номон æмæ гуырынон хауæнты й-йыл цы дзырдтæ фæвæййынц, уыдоны иртæстон æмæ цæдисон хауæнты й ахауы æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: мой — мо-йæ, мо-имæ; сой — со-йæ, со-имæ; къай — къа-йæ, къа-имæ; хай — ха-йæ, ха-имæ; ай — а-имæ; кæй — кæ-имæ; уый — уы-имæ.

 

13 §. 1. Сæ кæрæтты л, р, м, н, й, у цы дзырдтæн вæййы, уыдоны бындуры бирæон нымæц аразгæйæ, тыхджын хъæлæсонтæ а, о лæмæгъ хъæлæсон æ-йæ ивд куы æрцæуынц, уæд:

а) бирæон нымæцы фæсæфтуан -т фæдæргъвæтин вæййы æмæ йæ фыссын хъæуы дывæрæй: ном — нæмттæ, ком — кæмттæ, хæдзар — хæдзæрттæ, æмбал — æмбæлттæ, уыдон — уыдæттæ, адон — адæттæ, хай — хæйттæ, иугай — иугæйттæ, аргъау — аргъæуттæ;

æ) æмхъæлæсон н ахауы æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: дон — дæттæ, кæрон — кæрæттæ, рон — рæттæ. Фæлæ: æфсон — æфсæнттæ.

2. Дзырдæн иууон нымæцы йæ кæроны æмхъæлæсонты къорд кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсон куы вæййы, уæд бирæон нымæцы формæйы дзырды бындурæй фæсæфтуаны æхсæн арæх фæзыны хъæлæсон ы æмæ йæ хъæуы фыссын: чызг — чызджытæ, карк — кæрчытæ, цалх — цæлхытæ, сындз — сындзытæ, фæрв — фæрвытæ, тæрс — тæрсытæ, нæуу — нæууытæ.

Фæлæ: кард — кæрдтæ, маргъ — мæргътæ, фынг — фынгтæ, фарс — фæрстæ, фахс — фæхстæ æ. а. д.

3. Сæ кæроны ы цы дзырдтæн вæййы, уыдонæй бирæон нымæцы формæйы хъæлæсон ы арæх ахауы, фæсæфтуан — т-йы размæ фæзыны уы æмæ йæ хъæуы фыссын: нæмыг — нæмгуытæ, хъæздыг — хъæздгуытæ, фæрдыг — фæрдгуытæ, уæйыг — уæйгуытæ, уидыг — уидгуытæ.

Фæлæ: уырдыг — уырдыджытæ, мæлдзыг — мæлдзыджытæ.

 

14§. Фæсæфтуантæ -аг, -ад, -он-ы разæй æмхъæлæсонтæ арæх фæдæргъвæтин вæййынц, æмæ сæ фыссын хъæуы дывæрæй: хох — хæххон, балц — бæлццон, лæг — лæггад, хъæу — хъæууон, уæй — уæййаг, знаг — знаггад, лыг — лыггаг.

 

15 §. Сонорон æмхъæлæсонтæ л, р, м, н, у-йыл фæугæ дзырдтæм фæсæфтуан -аг кæнæ -ы æфтыд куы æрцæуы, уæд сонорон æмхъæлæсоны разæй арæх фæзыны й, æмæ йæ хъæуы фыссын: гал — гайлаг, дон — дойнаг, ком — коймаг, хæдзар — хæдзайраг, дон — дойны, æвгъау — æвгъайуаг, Црау — црайуаг.

Ахæм дзырдты сонорон æмхъæлæсонты разæй хъæлæсон ы куы вæййы, уæд -ый арæх ратты и, æмæ йæ хъæуы фыссын: дзабыр — дзабираг, уыр — уираг, быдыр — быдираг, бын — бинаг, Сыбыр — сыбираг.

 

16§. Зылангон мыртæй райдайгæ фæсæфтуанты (-дзаг, -дзæг, -джын, -гай, -дæр) зылангонтæ арæх фæхъуысынц æзылангонты хуызæн, фæлæ фыссын хъæуы зылангонтæ: ивддзаг, скъуыддзаг, дæрддзæг, фыдджын, цытджын, цадæггай, кæддæр.

 

17§. Йæ кæроны дæргъвæтин æмхъæлæсон цы дзырдæн кæнæ дзырды хайæн вæййы, уымæ æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырды хай æфтыд куы æрцæуы, уæд дæргъвæтинæй нал фæхъуысы æмæ йæ дывæрæй фыссын нæ хъæуы: уæрыкк — уæрыкджын, уæрыкдон; сæныкк — сæныкджын, сæныкмæ; къуыпп — къуыпгомау, къуыпгонд; цæхх — цæхджын, цæхмæ; зæхх — зæхджын, зæхбын, зæхмæ, зæхбарæг; нæуу — нæумæ.

 

18§. Иуæй-иу бындурты фæсæфтуантæ -аг æмæ -æг-ы разæй фæзыны дæргъвæтин æзылангон æмхъæлæсонтæ к, ц, æмæ сæ фыссын хъæуы дывæргондæй: астæуккаг, хъæуккаг, дыккаг, дыццæг, æртыццæг, æппæрццæг, дæуццаг, æвæрццæг.

 

19 §. Хъæлæсон мыртыл, и-йæ фæстæмæ, цы дзырдтæ фæвæййынц, уыдонмæ фæсæфтуан -аг æфтыд куы æрцæуы, уæд дыууæ хъæлæсоны æхсæн арæх фæзыны й, æмæ йæ хъæуы фыссын: къабайаг, тæлыйаг, хъуыдыйаг, арфæйаг, къутуйаг, ердойаг, хъуыдыйад, дæсныйад.

Хицæн дзырдты хъæлæсонтæ а, æ, ы, сæ фæстæ цы й фæзыны, уыимæ (ома ай, æй, ый) раттынц и æмæ сæ фыссын хъæуы, куыд хъуысынц, афтæ: Багатæ — Багиан, зæрдæ — зæрдиаг, фæстæ — фæстиат, фæстиау, уæлæ — уæлиау, дæлæ — дæлиау, гуырдзы — гуырдзиаг, иу+зæрдæ — иузæрдион, дыууæ+сы — дыууæсион, тæхуды — тæхудиаг.

 

20§. Барæн бæрцы фæсæфтуан -дæр миногонты æмæ фæрсдзырдты фыссын хъæуы æмхæстæй: даргъдæр, цыбырдæр, бæрзонддæр, ныллæгдæр, рæсугъддæр.

 

21§. Миногонтæй æмæ фæрсдзырдтæй уæлахизон бæрц æмæ тыхджындæргонд формæ цы дзырдты фæрцы арæзт цæуы (æппæты, æппæтæй, иууыл, æгæр, бынтон, иттæг, сæнт, тæккæ, тынг, фыд, фыр, хъæбæр æ. æнд.), уыдон фыссын хъæуы хицæнæй: æппæты (æппæтæй) рæсугъддæр; æгæр (бынтон, иууыл, иттæг, тынг, фыд, фыр, хъæбæр) хорз; сæнт урс, сатæг сау.

 

22§. Вазыгджын миногонтæ, номдартæ æмæ фæрсдзырдтæ аразæг дзырдтæ фыссын хъæуы æмхæстæй: дыууадæстæнон, иугæндзон, иуцæстон, сауæрфыг, сауцæст, фыдзонд, фыдхуыз, фыргуыст, фырдзырд, хæдзилгæ, хæрзхаст.

 

23§. Миногонтæ уидаг дывæр кæныны æмæ фæсæфтуан -ид-ы фæрцы арæзт куы вæййынц, уæд сæ фыссын хъæуы дефисимæ: сау-сауид, бур-бурид, сырх-сырхид, урс-урсид, цъæх-цъæхид.

 

24§. Нымæцонтæ дыууæ, æртæ, цыппар, сæ фæстæ цы дзырдтæ вæййы, уыдонимæ арæх баиу вæййынц ахæм формæты: ды-, æрты-, цыппæр-, æмæ сæ фыссын хъæуы, куыд хъуысынц, афтæ: дывазыг, дывзагон, дыкъахыг, æртывæрæй, æртыкъахыг, цыппæрвадыгæй, цыппæрдигъон.

 

25§. Вазыгджын нымæцонты хæйттæ фыссын хъæуы æмхæстæй, уыимæ нымæцонты фыццаг хай фыст цæуы, куыд хъуысы, афтæ, дыккаг хайы та фыссын хъæуы -дæс, -сæдæ, -ссæдз: иуæндæс, дыууадæс, æртындæс, цыппæрдæс, фынддæс, æхсæрдæс, æвддæс, æстдæс, нудæс; æртæсæдæ, фондзсæдæ, астсæдæ, фондзыссæдз(ы), дыууæфондзыссæдз(ы), æртæфондзыссæдз(ы).

 

26§. Амад нымæцонтæ аразæг дзырдтæ фыссын хъæуы хицæнтæй: дыууын иу, авд мины, фарастсæдæ æстай фондз, æртæсæдæ фынддæсæм, дыууæ фæндзæм хайы, сæдæ æвддæсгай, дæс æмæ æртиссæдзгай.

 

27§. Нымæцон иу, йæ фæстæ цы дзырдтæ вæййы, уыдонимæ фыссын хъæуы хицæнæй: иу бон, иу хатт, иу ахæмы, иу цалдæр, иу чидæр, иу цавæрдæр, иу дзæвгар, иу чысыл, иу дзырдæй.

Фæлæ: иу-дыууæ, иу-фондз, иу-ссæдзæ. а. д.

 

28§. Цæсгомон номивджыты цыбыр формæтæ фыссын хъæуы иннæ дзырдтæй хицæнæй: Нæ йын загътон. Бадзырдтон æм. Райстон сæ. Æппæлын дзы. Федтон дæ. Барвыстон уæм. Не ’ппæт. Се ’гас.

 

29§. Вазыгджын номивджытæ фыссын хъæуы æмхæстæй: мæхи, дæхи, йæхи, нæхи, сæхи, мæхæдæг, уæхæдæг, алчи, чифæнды, цыфæнды.

 

30§. Амонæн номивæг а фыссын хъæуы хицæнæй: а лæппу, а хæдзар, а хъæу.

Фæлæ: номивæг а, йæ фæстæ цы дзырд лæууа, уыимæ фæрсдзырд куы раттынц, уæд æй фыссын хъæуы æмхæстæй: абон, ахсæв, асæрды, азымæджы, ауалдзæджы, афæззæджы, аизæр.

Номивæг а æмхæстæй фыссын хъæуы ахæм номивджыты дæр: ацал-ауал, ауал.

 

31 §. Номивæг хи-йæн сæрмагонд æлвасон нысаниуæг куы вæййы, уæд æй фыссын хъæуы номдартæй хицæнæй: хи адæм, хи бæстæ, хи куыст.

Фæлæ хи вазыгджын дзырды хай куы вæййы, уæд æй фыссын хъæуы иннæ хаимæ æмхæстæй: хихсæн, хисæрфæн, хинайæн, хиппæлой, хиуарзон.

 

32§. Номивæг уый-ы цыбыр формæйы райдайæны фæзыны й æмæ йæ фыссын хъæуы, йæ разæй цы дзырд фæлæууы, уый хъæлæсон кæнæ æмхъæлæсон й-йыл куы фæвæййы, уæд: радта йын (фæлæ: радтон ын), базыдтай йæ (фæлæ: базыдтон æй).

 

33§. Номивæг уыдон-ы цыбыр формæтæ хатгай фæдзурæм цæ, цын, цæм, цыл, фæлæ сæ фыссын та хъæуы сæ, сæм, сын, сыл: æркодта сæ; фæдзырдта сæм; баууæндыди сыл.

 

34§. Фарстон-ахастон номивджытæ чи, цы-йæ аразгæ æбæлвырд, бæлвырд æмæ æппæрццæг номивджытæ исчи, исты, алчи, алцы, ничи, ницы, мачи, мацы, здæхгæ номивæг кæрæдзи гуырынон хауæны фыссын хъæуы: искæй, истæй, алкæй, алцæй, никæй, ницæй, макæй, мацæй, кæрæдзи.

 

35§. Хайыг ис-ы фæрцы арæзт вазыгджын номивджыты æмæ фæрсдзырдты дыккаг хай фыссын хъæуы æнæ мырон ивддзинæдтæй: искæуыл, искуы, искæд, искуыд, искæцæй, исчердæм, исчердыгæй.

 

36§. Æппæрццæг номивджыты æмæ æппæрццæг фæрсдзырдты хайыгтæ ни æмæ ма фыссын хъæуы æмхæстæй: ничи, ницы, никæцы, ницал, ницавæр, никуы, никуыд, никæм, ницæй, никæдæм, мачи, мацы, макæцы, макуы, макæд, макæцæй, макæдæм.

 

37§. Разæфтуантæ æ-, æм-, раз-, дæл-, уæл-, бын-, фæс-ы фæстæ æзылангон æмхъæлæсонтæ арæх свæййынц зылангон æмæ сæ фыссын дæр хъæуы афтæ: æгад, æвадат, æмгусæг, развæндаг, уæлвæндаг, бындзæфхад, фæсвæд, фæсгуыст.

 

38 §. 1. Разæфтуан æнæ- хъæлæсон æ-йæ райдайгæ дзырдтæм æфтыд куы æрцæуы, уæд дыууæ æ-йæ иу ахауы, æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: æнæвнæлд, æнæхгæд, æнæхсад, æнæнхъæлæджы, æнæргъæвд.

2. Разæфтуан æнæ- тыхджын хъæлæсон а-йæ райдайгæ дзырдтæм æфтыд куы æрцæуы, уæд а-йы разæй лæмæгъ хъæлæсон арæх ахауы æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: æнæ+ахуыр — æнахуыр, æнæ+ад — æнад, æнæ+амонд — æнамонд.

 

39§. Гуырынон хауæны æвæрд номдартæ æмæ номивджытæй фæсæфтуан -(у)он-ы фæрцы арæзт дзырдты фæсæфтуан арæх фæхъуысы: иууон нымæцы -он кæнæ -уон, бирæон нымæцы -уонтæ кæнæ -уæттæ, æмæ сæ фыссæн ис дыууæ хуызы дæр: мæнон (мæнуон), дæууон, дæхион (дæхиуон), Солтаныуон, мæхион (мæхиуон), мæнуæттæ, Солтаныуæттæ, нæхи(у)онтæ — нæхиуæттæ.

III. МИВДИСДЖЫТЫ РАСТФЫССЫНАД

40  §. Мивдисджыты ивгъуыд афоны кæрæтты фыссын хъæуы т, кæд бæлвырд нæ фæхъуысы, уæддæр: цыд-тæн, хорд-тон, зарыд-тæн, æхсад-тон, нымад-тон, хорд-таин, æхсад-таин, нымад-таин.

Фæлæ: цыдаин, зарыдаин, кафыдаин.

 

41§. Мивдисджыты ивгъуыд афоны бындур -вд кæнæ -гъ-йыл куы фæвæййы, уæд ивгъуыд афоны цæсгомон кæрæтты разæй д ахауы, æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: сыгътон, дыгътон, ивтон, хыгътон, сыгътаин, сыгътæн, дыгътаин, ивтаин.

 

42§. Мивдисджыты ивгъуыд афоны бындуры фæсæфтуантæ -т кæнæ -ст куы вæййы æмæ сæм ивгъуыд афоны цæсгомон кæрæттæ æфтыд куы æрцæуы (фыст-тон), уæд бындуры æмæ кæроны т-тæй иу ахауы, æмæ дзы фыссын хъæуы иу т: фыстон, марзтон, карстон, къахтон, тахтæн, фыстаин, хастаин, марзтаин, карстаин.

 

43§. Фæсæфтуан -д-йы фæрцы арæзт хицæн дзырдты бирæон нымæцы формæ -тæ-йы бæсты арæх фæхъуысы æмæ фыссын дæр хъæуы -тытæ: конд — кæндтытæ, сыгъд — сыгъдтытæ, сагъд — сæгъдтытæ, тынд — тындтытæ, архайд — архæйдтытæ, æвнæлд — æвнæлдтытæ.

 

44§. Вазыгджын мивдисджыты æмæ мивдисджыты вазыгджын формæты ивгæ хай — æххуысгæнæг мивдисæг — фыссын хъæуы хицæнæй: хуым кæнын, æнхъæлмæ кæсын, цæугæ кæнын, кæрдгæ кæнын, фæгæпп ласын, сдзæбæх уæвын.

 

45§. Æххуысгæнæг мивдисæг уæвын-ы фæрцы арæзт вазыгджын мивдисджытæ æргомон здæхæны ивгъуыд афоны иууон нымæцы 3-аг цæсгомы фыссæн ис æртæ хуызы: æрхæццæ — æрхæццæ и — æрхæццæ ис; æризæр — æризæр и — æризæр ис; æрбабон — æрбабон и — æрбабон ис.

 

46§. Æххуысгæнæг мивдисæг уæвын мивдисджыты æнæцæсгомон формæты фыссын хъæуы æмхæстæй: дзырдæуы, дзырдæуыди, чындæуы, æхсадæуы.

 

47§. Мивдисджыты 3-аг цæсгомы æмæ æнæцæсгомон формæтæн иууон нымæцы æргомон здæхæны ивгъуыд æмæ суинаг афонты фыссæн ис æртæ хуызы: цыд — цыди — цыдис; цæудзæн — цæудзæни — цæудзæнис; дзырдæуыд — дзырдæуыди — дзырдæуыдис.

 

48§. Разæфтуантæ мивдисджытимæ фыссын хъæуы æмхæстæй: ацæуын, æрцæуын, бацæуын, ныццæуын, фæцæуын, ссæуын.

Фæлæ: разæфтуанæй мивдисæджы æхсæн исты дзырд куы вæййы, уæд сæ фыссын хъæуы хицæнтæй: рацæй йæм цыди, æрбацæй та-иу æм цыди.

 

49§. 1. Разæфтуан ны- хъæлæсон а-йæ райдайгæ мивдисджытæм æфтыд куы æрцæуы, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзынынц дæргъвæтин й кæнæ дæргъвæтин ц, æмæ сæ хъæуы фыссын: арын — ныййарын, аразын — ныццаразын, амайын — ныццамайын.

2. Разæфтуан ны- у-йæ райдайгæ мивдисджытæм æфтыд куы æрцæуы, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзыны æмхъæлæсон у, æмæ йæ хъæуы фыссын: улæфын — ныуулæфын, уромын — ныууромын, удайын — ныуудайын.

3. Разæфтуан ны- æмхъæлæсонтæй райдайгæ мивдисджытæм æфтыд куы æрцæуы, уæд дзырды райдайæн æмхъæлæсонтæ фæдæргъвæтин вæййынц, æмæ сæ фыссын хъæуы дывæргондæй: худын — ныххудын, фыцын — ныффыцын, сæлын — ныссæлын, калын — ныккалын, уасын — ныууасын, уарын — ныууарын, дзурын — ныдздзурын, риуыгъын — нырриуыгъын, хъусын — иыхъхъусын, къахын — ныкъкъахын.

4. Разæфтуан ны- хъæлæсон и-йæ райдайгæ мивдисджытæм æфтыд куы æрцæуы, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзыны й, æмæ йæ фыссын хъæуы æнæдывæргондæй: исын — ныйисын, ивазын — ныйивазын, ирвæзын — ныйирвæзын, ихсийын — ныйихсийын.

5. Мивдисæг æмхъæлæсонты къорд кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсонæй куы райдайы, уæд разæфтуан ны-йы фæстæ æмхъæлæсон дывæргонд нæ цæуы: здухын — ныздухын, змæнтын — нызмæнтын, схойын — нысхойын, скъæрын — ныскъæрын, скъуыйын — ныскъуыйын, ссæндын — ныссæндын.

 

50 §. 1. Разæфтуан фæ- хъæлæсон æ-йæ райдайгæ дзырдтæм æфтыд куы æрцæуы, уæд дыууæ хъæлæсоны æлвæст æрцæуынц, æмæ дзы фыссын хъæуы е: æвналын — февналын, æмбарын — фембарын, æфснайын — фефснайын.

2. Разæфтуан фæ- æфтыд куы æрцæуы æмхъæлæсонты къордæй кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырдтæм, йе та, кæддæр йæ райдайæны хъæлæсон мыр кæмæн уыди, ахæм дзырдтæм, уæд разæфтуаны æ арæх рахизы е-мæ, æмæ фыссын хъæуы фе-: фезмæлын, фездухын, фестъæлфын, фескъуынын, фестын, фесхойын, фессивын, фессæндын, фехалын, фесафын, фегом кæнын, фехъусын, фегæрдын.

 

51§. Разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба-, ны- хъæлæсон æ-йæ райдайгæ мивдисджытæм æфтыд куы æрцæуынц, уæд хъæлæсон æ ахауы, æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: æвналын — авналын, бавналын, æрбавналын, равналын, нывналын; æмбарын — амбарын, бамбарын; æвæрын — авæрын, æрбавæрын, равæрын, нывæрын.

 

52§. 1. Разæфтуантæ æр-, с- æфтыд куы æрцæуынц æ-йæ райдайгæ мивдисджытæм, уæд æ-йы бæсты арæх фæхъуысы ы, фæлæ фыссын хъæуы æ: æрæвæрын, сæвæрын, æрæхгæнын, æрæххæссын, сæххæссын, æрæвгæнын, сæвгæнын.

2. Разæфтуантæ æр-, с- æмхъæлæсонты къордæй кæнæ дæргъвæтин с-йæ райдайгæ мивдисджытæм, стæй, кæддæр сæ райдайæны хъæлæсон кæмæн уыди, уыцы дзырдтæм æфтыд куы æрцæуынц, уæд разæфтуаны фæстæ фæзыны ы, æмæ йæ хъæуы фыссын: здæхын — æрыздæхын, сыздæхын; ссын — æрыссын; ссивын — æрыссивын; мысын — æрымысын; хъуысын — æрыхъуысын, сыхъуысын; хъусын — æрыхъусын.

 

53§. Вазыгджын мивдисджытæй арæзт номдартæ, миногонтæ, миногмитæ æмæ фæрссагмитæ фыссын хъæуы æмхæстæй, кæд æххуысгæнæг мивдисæг æнæ разæфтуан уа, уæд, кæд разæфтуанимæ уа, уæд та — хицæнтæй: хъыг дарын — хъыгдарæг, хъыгдаргæйæ; хуым кæнын — хуымгæнæг, хуымгæнгæйæ, хуым бакæнæг, хуым бакæнгæйæ; хъæр кæнын — хъæргæнæг, хъæргæнгæйæ, хъæр ныккæнгæйæ.

 

54§. Мивдисæджы уидаг хъæлæсон и-йыл куы фæвæййы, уæд, уыцы мивдисæгæй фæсæфтуантæ -æг, -аг, -æн-ы фæрцы миногонтæ æмæ миногмитæ аразгæйæ, уидагæй фæсæфтуаны æхсæн фæзыны й æмæ йæ хъæуы фыссын: рæдийын — рæдийаг, рæдийæг; бийын — бийæг, бийæн.

 

55§. Мивдисæджы бындур дæргъвæтин æмхъæлæсоныл куы фæвæййы æмæ йæм æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырды хæйттæ æфтыд куы æрцæуынц, уæд дæргъвæтин мыр фæцыбыр вæййы, æмæ йæ дывæргондæй фыссын нæ хъæуы: фыссын — фыст, фыстон, фысдзынæн, фыстæг, фысгæйæ; сæттын — сæтдзынæн, сæтгæйæ; лæууын — лæудзынæн, лæуд, лæугæйæ.

 

56§. Бæллиццаг здæхæны бирæон нымæцы мивдисджыты цæсгомон кæрæтты фыссын хъæуы кк: бадиккам, бадиккат, бадиккой; фыссиккам, фыссиккат, фыссиккой; бадтаиккам, бадтаиккат, бадтаиккой; фыстаиккам, фыстаиккат, фыстаиккой; кæниккам — кодтаиккой.

 

57§. Мивдисæджы уидаг æмхъæлæсон у-йыл куы фæвæййы, уæд æргомон æмæ фæдзæхстон здæхæнты бирæон нымæцы 2-аг цæсгомы фыссын хъæуы иу у: стау-ын — стаут, фау-ын — фаут, хау-ын — хаут.

 

58§. Æмхъæлæсон й-йыл цы мивдисджыты бындуртæ фæвæййынц, уыдоны бæллиццаг здæхæны, стæй фæсæфтуан -инаг-ы разæй й фыссын нæ хъæуы: нымайын — нымаин, нымаис, нымаид, нымаиккам, нымаиккат, нымаиккой, нымаинаг; фиппайын — фиппаин, фиппаис, фиппаид, фиппаиккам, фиппаиккат, фиппаиккой, фиппаинаг.

 

59§. Дзырдтæ исын, ивазын, ивæзын-мæ разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба- æфтыд куы æрцæуы, уæд разæфтуаны фæстæ хъæлæсон и свæййы й, æмæ йæ хъæуы фыссын: айсын, байсын, æрбайсын, айвазын, райвазын.

 

60§. Разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба- æфтыд куы æрцæуынц, раздæр сæ райдайæны хъæлæсон мыр кæмæн уыди, ахæм мивдисджытæм, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзыны й, æмæ йæ хъæуы фыссын: айхъусын, айхъуысын, райхъуысын; æрбаймысын, байгæрдын, айтауын, райхалын.

IV. РАЗÆВÆРДТЫ, БÆТТÆГТЫ, ФÆСÆВÆРДТЫ, ХАЙЫГТЫ ÆМÆ ÆВАСТХЪÆРТЫ РАСТФЫССЫНАД

61  §. Разæвæрдтæ æд æмæ æнæ, сæ фæстæ цы дзырдтæ вæййы, уыдонимæ фыссын хъæуы хицæнтæй: Лæппу æнæ худæй æрбацыди. Æнæ чиныгæй ахуыр кæнæн нæй. Сабитæ æд чингуытæ фæцæуынц скъоламæ.

Фæлæ: æд æмæ æнæ, сæ фæстæ цы дзырдтæ лæууы, уыдонимæ миногонтæ куы аразой, уæд сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: æдгæрзтæ быцæу; æдсаргъ, æдидон бæх; æнæмаст адæймаг; æнæкæрон нымæц.

 

62§. Фæсæвæрдтæ сæ разæй æвæрд дзырдты фæрссаг хауæнты куы домой, уæд сæ фыссын хъæуы хицæнтæй: хæдзары ’рдæм, хæдзары ’рдыгæй, уыдоны ’рдæм, бæласы цур, хъæуы фарсмæ, стъолы сæрмæ, адæмы астæу, хъæумæ хæстæг, хæдзармæ æввахс, хъæуæй уæлæмæ, махæй фæстæмæ, уый тыххæй, уымæ гæсгæ, уымæй фæстæмæ, уымæй размæ, амæй фæстæмæ, амæй размæ, уый размæ, ардыгæй фæстæмæ, уæдæй нырмæ, уæдæй фæстæмæ, уый бæрц, ай бæрц, дæу æрдыгæй, мæн æрдæм.

Фæлæ: фæсæвæрдтæ сæ разæй æвæрд дзырдты фæрссаг хауæны куы нæ домой, уæд сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: бонæрдæм (бонырдæм дæр), цæгатæрдыгæй (цæгатырдыгæй дæр) фалæрдæм, фалæрдыгæй, кæцырдæм, кæцырдыгæй, дыууæрдæм, дыууæрдыгæй, иннæрдæм, алырдæм, галиуæрдыгæй (галиуырдыгæй дæр), иуæрдыгæй (иуырдыгæй дæр), иухуызон, махæрдыгон (махырдыгон дæр), куыдфæстæмæ.

 

63§. Хайыг гъе фыссын хъæуы хицæнæй: гъе уый, гъе афтæ, гъе уымæн, гъе уырдæм, гъе уый тыххæй, гъе ахæм, гъе ныр, гъе уæд.

 

64§. 1. Æппæрццæг хайыг нæ фыссын хъæуы хицæнæй: куы нæ ацæуон, цы нæ зонын, куы нæ уыди.

Фæлæ: цæуыннæ (цæуыл+нæ-йæ), куыннæ (куыд+нæ-йæ).

2. Миногмитимæ æппæрццæг хайыг нæ фыссын хъæуы æмхæстæй: нæдзурæг скодта йæхи, нæзонæджы къух нæ риссы.

 

65§. Хайыг уал фыссын хъæуы хицæнæй: сбад уал, зæгъ уал, исчи уал.

Фæлæ: хайыг уал æппæрццæгтæ нæ æмæ ма-имæ, стæй æппæрццæг номивджытæ æмæ фæрсдзырдтимæ фыссын хъæуы æмхæстæй: мауал, нал, ничиуал, ницыуал, никæйуал, никуыуал, никæдæмуал, никæмуал, мачиуал, мацыуал, макæдæмуал.

 

66§. Хайыгтæ хæд æмæ хæрз дзырд тæккæ-йы æмнысан куы вæййынц, уæд сæ сæ фæстæ цы дзырдтæ лæууы, уыдон фыссын хъæуы хицæнæй: йæ хæрз сыхаг у; бæласы хæд фарсмæ æрбадти.

Фæлæ: хæд æмæ хæрз, сæ фæстæ цы дзырдтæ лæууы, уыдонимæ миногон кæнæ номдар куы аразой, уæд сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: хæрзарæхст, хæдæфсарм, хæдхæцæгад.

 

67§. Та вæййы бæттæг дæр æмæ хайыг дæр. Фыссын æй хъæуы кæддæриддæр хицæнæй: Æз та дæм зындзынæн. Куы та йæм бацæуон, уæд та йын зæгъдзынæн. Ды та кæм уыдтæ?

 

68 §. Ма вæййы æппæрццæг хайыг дæр, тыхджындæргæнæг хайыг дæр æмæ фæдзæхст лæмæгъдæргæнæг хайыг дæр.

1. Æппæрццæг хайыг ма, йæ фæстæ цы дзырдтæ лæууы, уыдонимæ фыссын хъæуы хицæнæй: ма ацу, ма йæм дзур, ма ку, ма йыл хъæр кæн, ам ма лæуу, мæсты йæм ма кæн, ма йæм дзурон, ма дæм лæууон.

Фиппаинаг. 1. Æппæрццæг хайыг ма æппæрццæг номивджыты, фæрсдзырдты æмæ бæттæгты фыссын хъæуы æмхæстæй: магуса, мадзура, мамæла, мачи, макæдæм, мадæр — мадæр, нæма, нырма, мама.

2. Тыхджындæргæнæг хайыг ма фыссын хъæуы хицæнæй: Æз ма дæм бацæуинаг уыдтæн. Ды та ма йын арфæтæ кодтай.

Фæлæ: нæма, нырма, мама.

3. Фæдзæхст лæмæгъдæргæнæг хайыг ма, йæ разæй цы дзырдтæ лæууы, уыдонимæ фыссын хъæуы дефисæй хицæнгæнгæйæ: Æри-ма чиныг. Къус-ма рахæсс. Рауай-ма ардæм. Ам-ма лæуу.

 

69§. Бирæхаттон хайыг иу, йæ разæй цы дзырдтæ лæууы, уыдонимæ фыссын хъæуы дефисæй хицæнгæнгæйæ: Бадзырдтон-иу æм. Рацу-бацу-иу кодтон. Æрбауади-иу мæм.

 

70§. Вазыгджын æвастхъæртæ фыссын хъæуы, кæрæдзийæ дефисæй хицæнгæнгæйæ: оххай-гъе, ай-гъай, гъæйдæ-гъа, гъæй-джиди.


Дата добавления: 2020-11-29; просмотров: 252; Мы поможем в написании вашей работы!

Поделиться с друзьями:






Мы поможем в написании ваших работ!